Израилы Хуыцауы кад хӕрдмӕ ссыди, цы херувимтыл ӕнцад, уыдонӕй ӕмӕ Кувӕндоны къӕсӕрыл ӕрлӕууыд. Дунедарӕг фӕсидти, гӕн хъуымацӕй дарӕс кӕуыл уыд, йӕ астӕуыл та нымӕрдары фыссӕнгарз, уыцы лӕгмӕ ӕмӕ йын загъта: «Ӕрзил сахарыл, Йерусалимыл, ӕмӕ, цы ’лгъаг митӕ дзы цӕуы, уыдоны тыххӕй чи дзыназы, уыцы хъынцъымгӕнӕг адӕмы ныхтыл сӕвӕр нысан».