1
Езекиел 4:4-5
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ды та-иу дӕ галиуфарсыл-ӕрхуысс ӕмӕ-иу дӕхиуыл Израилы адӕмы тӕригъӕд сӕвӕр. Дӕ фарсыл цал боны фӕхуыссай, уал боны сӕ тӕригъӕдтӕ уыдзысты дӕ уӕлӕ. Тӕригъӕдтӕ цал азы фӕкодтой, уал боны дын снысан кодтон — ӕртӕ сӕдӕ нӕуӕдз боны хӕсдзынӕ дӕ уӕлӕ Израилы адӕмы тӕригъӕд.
Compare
Explore Езекиел 4:4-5
2
Езекиел 4:6
Уый куы сӕххӕст кӕнай, уӕд-иу дыккаг хатт ӕрхуысс — ныр та дӕ рахизфарсыл, ӕмӕ Иудейы адӕмы азым хӕсс дыууиссӕдз боны, азы ныхмӕ дын Ӕз снысан кодтон бон.
Explore Езекиел 4:6
3
Езекиел 4:9
Дӕхицӕн райс мӕнӕу, хъӕбӕрхор, хъӕдур, тъӕпӕн хъӕдур, еуу ӕмӕ нӕлмӕнӕу. Иу мигӕнӕны сӕ ныккӕн ӕмӕ дзы дӕхицӕн цъаргӕндтӕ сфыц, дӕ фарсыл цы бонтӕ хуыссай, уыдоны нымӕцмӕ гӕсгӕ. Хӕрдзынӕ сӕ ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз боны.
Explore Езекиел 4:9
Home
Bible
Plans
Videos