Ӕз ӕмӕ Дӕ адӕм цӕмӕй базондзыстӕм, ӕхцон Дын стӕм, уый? Ӕрмӕстдӕр, немӕ кӕй рацыдтӕ, уымӕй нын равдисдзынӕ, зӕххы цъарыл нӕ иннӕ адӕмтӕй хъулон кӕй кӕныс, уый». Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ курдиат дын сӕххӕст кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ Мын ӕхцон дӕ. Ӕз дын зонын дӕ ном».