«Хъусыс, Ӕз басидтӕн Иудӕйы хӕдзарвӕндагӕй Хуры фырт Урийы фыртмӕ, Бецалелмӕ. Схайджын ӕй кодтон Хуыцауы Удӕй — скодтон ӕй куырыхон, радтон ын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы куыстмӕ дӕсныдзинад. Уый дӕсны у сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуыимӕ архайынмӕ, зоны дуртӕ кӕрдын ӕмӕ сӕ фӕлгӕты ӕвӕрын, арӕхсы хъӕды куыстмӕ дӕр, алцӕмӕ дӕр у дӕсны.