1
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:1
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай ӕмӕ уын кӕй дзурын, Йӕ уыцы фӕдзӕхстытӕ бӕстон куы ӕххӕст кӕнай, уӕд уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕппӕт адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕрдзӕн.
Compare
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:1
2
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:2
Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, коммӕ куы кӕсай, уӕд дыл мӕнӕ ацы арфӕтӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:2
3
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:13
Дунедарӕг уӕ скӕндзӕн къӕдзил нӕ, фӕлӕ сӕр, сымах бынӕй нӕ, фӕлӕ уӕле уыдзыстут, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕм куы хъусат ӕмӕ сӕ, ӕз уын куыд дзурын, афтӕ куы ӕххӕст кӕнат
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:13
4
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:12
Байгом кӕндзӕн Дунедарӕг сымахӕн Йӕ фарны хӕзнадон — арв, ӕмӕ афоныл уардзӕн къӕвда уӕ зӕххыл, ӕмӕ арфӕгонд уыдзӕн Дунедарӕгӕй уӕ алы къухвӕллой. Бирӕ адӕмтӕн дӕтдзыстут ӕфстау, фӕлӕ уӕхӕдӕг хӕсагур никӕмӕ цӕудзыстут.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:12
5
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:7
Дунедарӕг уын лидзӕг фӕкӕндзӕн уе знӕгты: иу фӕндагыл уӕ ныхмӕ ралӕудзысты, авд фӕндагыл та уӕ разӕй лидздзысты.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:7
6
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:8
Арфӕгонд уыдзысты Дунедарӕгӕй уӕ хордӕтты бӕркад ӕмӕ уӕ алы къухвӕллой, арфӕгонд уыдзыстут алцӕмӕй дӕр, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы бӕстӕ дӕтты, уым.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:8
7
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:6
Арфӕгонд уыдзӕн дӕ рацыд ӕмӕ дӕ бацыд.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:6
8
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:3
Арфӕгонд уыдзынӕ сахары, арфӕгонд уыдзынӕ быдыры.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:3
9
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:4
Арфӕгонд уыдзысты дӕ зӕнӕг ӕмӕ дӕ зӕххы тыллӕг, де стуртӕ ӕмӕ дӕ фысвосы цӕуӕт.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:4
10
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:9
Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат, уӕд уӕ Дунедарӕг, куыд уын расомы кодта, афтӕ Йӕ уаз адӕм скӕндзӕн.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:9
11
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:5
Арфӕгонд уыдзысты дӕ чыргъӕд ӕмӕ дӕ арынг.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:5
12
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:11
Алы хорзӕхӕй уӕ схайджын кӕндзӕн Дунедарӕг: зӕнӕг, фос ӕмӕ уӕм тыллӕг бирӕ уыдзӕн, Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:11
13
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:10
Ӕмӕ фендзысты уӕд ӕппӕт дунейы адӕмтӕ, Дунедарӕджы ном кӕй хӕссут, уый ӕмӕ уӕ тӕрсдзысты.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:10
14
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:14
цыдӕриддӕр уын фӕдзӕхсын, уымӕй рахизӕрдӕм дӕр ӕмӕ галиуӕрдӕм дӕр куынӕ фӕзилат, ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куынӕ адзӕгъӕл уат ӕмӕ сӕм кувын куынӕ райдайат, уӕд.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:14
15
Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:15
Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, коммӕ куынӕ кӕсат ӕмӕ, абон уын ӕз кӕй дзурын, ӕппӕт уыцы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ фӕтк куынӕ ӕххӕст кӕнат, уӕд та уыл мӕнӕ ацы ӕлгъыстытӕ ӕрцӕудзысты.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 28:15
Home
Bible
Plans
Videos