1
Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:10-11
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ма уӕд уе ’хсӕн: йӕ фырты кӕнӕ йӕ чызджы арты нывондӕн чи ӕрхӕсса, ахӕмтӕ; дӕсныфӕрсджытӕ, хингӕнджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ; куырысдзаутӕ, мӕрдтӕмсидджытӕ, мӕрдты удтӕй сӕ фӕрстытӕн дзуапп домджытӕ.
Compare
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:10-11
2
Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:12
Уымӕн ӕмӕ ӕлгъаг у Дунедарӕгӕн ахӕм адӕймаг. Уыдӕтты тыххӕй байсдзӕни Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ацы зӕхх ӕндӕр адӕмтӕй ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзӕн.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:12
3
Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:22
Пехуымпар Дунедарӕджы номӕй кӕй зӕгъа, уыцы ныхас куынӕ ӕрцӕуа ӕмӕ куынӕ сӕххӕст уа, уӕд йӕ ныхас Дунедарӕгӕй нӕ рацыд, фӕлӕ йӕ пехуымпар къӕйныхӕй загъта йӕхӕдӕг, ма дзы тӕрс.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:22
4
Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:13
Ӕнӕкъӕм ут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз!
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 18:13
Home
Bible
Plans
Videos