Дӕ адӕмы ’хсӕн пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕг куы фӕзына ӕмӕ дын исты ӕвдисӕйнаг кӕнӕ диссаг куы равдиса, йӕ ныхӕстӕ куы ’рцӕуой, ӕмӕ дӕ стӕй, кӕй никуы зыдтай, ахӕм хуыцӕутты фӕдыл цӕуын ӕмӕ сын лӕггад кӕныныл куы ардауа, уӕд уыцы пехуымпар кӕнӕ фынтӕхалӕгмӕ ма хъус — уый уӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, фӕлваргӕ кӕны, ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕмӕ ӕппӕт уды хъаруйӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уарзут ӕви нӕ, уый базонынӕн.