Уӕхимӕ кӕсут: абон мӕнмӕ сымахӕн ис арфӕ ӕмӕ ӕлгъыст. Куыд уын дзурын, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куы хъусат, уӕд — арфӕ. Ӕлгъыст — Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕм куынӕ байхъусат, абон уын ӕз цы фӕндаг амонын, уымӕй куы фӕзилат ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл куы ацӕуат, уӕд.