Мӕ Хуыцау, фехъус мӕ! Ӕркӕс-ма, Дӕ ном чи хӕссы, уыцы сахары дуррӕдзӕгъдтӕм! Лӕгъстӕ дын кӕнӕм, нӕ рӕстадӕй ныфсджын кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ Дӕ хорзӕхы аккаг нӕ кӕй скӕндзынӕ, ууыл зӕрдӕ даргӕйӕ.
О Дунедарӕг, фехъус нӕ, ныббар нын! Дунедарӕг, ӕркӕс нӕм! Дӕхи сӕраппонд нын фехъус нӕ куывд! Дӕ ном куы хӕссынц Дӕ адӕм ӕмӕ Дӕ сахар!»