«Байхъус, ӕз дын радзурдзынӕн, рӕстӕджы кӕрон, Хуыцауы азары рӕстӕг куы ралӕууа, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ.
Ды федтай, дыууӕ сыкъайы кӕмӕн уыд, ахӕм фыры. Уыцы сыкъатӕ сты Перс ӕмӕ Мидийы паддзахӕдтӕ. Цӕу та у Бердзены паддзах, йӕ цӕстыты астӕу цы стыр сыкъа ис, уый та — йӕ фыццаг паддзах.