Фӕлӕ Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него паддзах Навуходоносорӕн дзуапп радтой: «Мах нӕхи дӕ разы нӕ раст кӕндзыстӕм. Мах лӕггад кӕнӕм нӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ Йӕ куы бафӕнда, уӕд нӕ дӕуӕй дӕр ӕмӕ пецы цырен артӕй дӕр фервӕзын кӕндзӕн. Кӕд нӕ, уӕддӕр зон: мах дӕ хуыцӕуттӕн лӕггад нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ, кӕй саразын кодтай, уыцы гуымирымӕ нӕ бакувдзыстӕм».