Йе ’фсӕдтӕ Кувӕндоны фидар фӕчъизи кӕндзысты, ӕмӕ дзы ӕрвылбоны нывӕндтӕ ничиуал хӕсдзӕн, Кувӕндоны ӕлгъаг заууаты заман ралӕудзӕн. Фидыдыл гадзрахатӕй чи рацӕуа, уыдоны паддзах козбау миты фӕрцы фӕсайдзӕн, фӕлӕ, йӕ Хуыцауы чи нӕ ферох кодта, уыдон ӕхсарджынӕй йӕ ныхмӕ тох кӕндзысты.