Ацы чиныджы фыст ӕрцыдысты, Амос, Текоайы фыййӕуттӕй иу, цӕстылуайӕны цы фехъуыста, уыдӕттӕ. Уый уыдис иудейаг паддзах Озиайы ӕмӕ Израилы паддзах Йеровоамы, Йоасы фырты, заман, зӕххӕнкъуыстӕй дыууӕ азы раздӕр.
Амос загъта:
— Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.