1
Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:35
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ӕз уын алцӕмӕй дӕр равдыстон, афтӕ кусгӕйӕ кӕй хъӕуы лӕмӕгътӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ Бардарӕг Йесойы ныхӕстӕ зӕрдыл дарын, уымӕн ӕмӕ Уый Йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын хуыздӕр у“».
Compare
Explore Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:35
2
Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:24
Фӕлӕ мӕнмӕ ницы кӕсы мӕ цард, ӕрмӕст бӕллын мӕ фӕндагыл кӕронмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ мын Бардарӕг Йесо цы куыст бафӕдзӕхста, уый кӕронмӕ фӕуынмӕ — Хуыцауы хорзӕхы тыххӕй Фарны Уац адӕммӕ фӕхӕццӕ кӕнынмӕ.
Explore Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:24
3
Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:28
Уӕдӕ кӕсут уӕхимӕ ӕмӕ ӕппӕт дзугмӕ уӕ цӕст дарут. Уыцы дзугӕн уӕ Сыгъдӕг Уд йӕ сӕргъы сӕвӕрдта разамынд дӕттынӕн, цӕмӕй хизат Хуыцауы Аргъуан — Йӕ Фырты Тугӕй Йӕхицӕн кӕй балхӕдта, уый.
Explore Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:28
4
Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:32
Ныр уӕ фӕдзӕхсын Хуыцауыл ӕмӕ Йӕ хорзӕхыл дзурӕг ныхасыл. Хуыцау уыцы ныхасы фӕрцы сымах скӕндзӕн удвидар ӕмӕ уын ратдзӕн хай ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ.
Explore Апостолты хъуыддӕгтӕ 20:32
Home
Bible
Plans
Videos