Бузныг Хуыцауӕй — Уый нӕ уӕлахиздзаутау кӕддӕриддӕр хоны Чырыстийы фӕдыл. Чырыстийы уац ӕхцон хӕрздӕфау Хуыцау мах руаджы парахат кӕны алы ран дӕр. Уымӕн ӕмӕ махӕй цӕуы Чырыстийы уацы хӕрздӕф, ӕмӕ уый Хуыцауы кадӕн у. Уыцы хӕрздӕф ӕнхъӕвзы фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытыл дӕр ӕмӕ сӕфты фӕндагыл цӕуджытыл дӕр.