1
1 Коринфӕгтӕм 8:6
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
уӕддӕр махӕн ис, ӕппӕт дӕр Чи сфӕлдыста ӕмӕ мах Кӕмӕн цӕрӕм, уыцы иунӕг Фыд Хуыцау ӕмӕ, ӕппӕт дӕр Кӕй руаджы сфӕлдыстӕуыд ӕмӕ цардӕй Кӕй фӕрцы схайджын стӕм, уыцы иунӕг Бардарӕг Йесо Чырысти.
Compare
Explore 1 Коринфӕгтӕм 8:6
2
1 Коринфӕгтӕм 8:1-2
Ныр та мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывӕндты тыххӕй. Мах ӕмбарӕм, не ’ппӕтмӕ дӕр зонынад кӕй ис, уый. Фӕлӕ зонынад адӕймаджы хиуыл ӕввӕрсын кӕны, уарзондзинад та фидаргӕнӕг у. Йӕхицӕн исты зонын ӕнхъӕл чи у, уыцы адӕймаг, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ницыма зоны.
Explore 1 Коринфӕгтӕм 8:1-2
3
1 Коринфӕгтӕм 8:13
Уӕдӕ кӕд хойраг тӕригъӕды ӕфтауы ме ’фсымӕры, уӕд мыггагмӕ дӕр дзидзайы хъӕстӕ мӕхи нал фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтауон ме ’фсымӕры.
Explore 1 Коринфӕгтӕм 8:13
4
1 Коринфӕгтӕм 8:9
Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъуырнджытӕн цӕлхдур ма суой.
Explore 1 Коринфӕгтӕм 8:9
Home
Bible
Plans
Videos