Иуӕн уд йӕ ныхасы бавӕры уӕлзонд, иннӕмӕн — зонынад, аннӕмӕ Уды руаджы фӕзыны уырнындзинад, кӕмӕндӕр та Уд схай кӕны низтӕ дзӕбӕх кӕныны курдиат. Иуӕн — диссӕгтӕ аразыны, иннӕмӕн — пехуымпарады, ӕртыккагӕн — адӕймаг цавӕр удӕй хайджын у, уый иртасыны, цыппӕрӕмӕн — алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурыны, фӕндзӕмӕн — уыцы ӕвзӕгтыл цы загъдӕуыд, уый ӕмбарын кӕныны курдиат.