1
Райдиан 32:28
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».
ஒப்பீடு
Райдиан 32:28 ஆராயுங்கள்
2
Райдиан 32:26
Йаковӕн загъта: «Суадз Мӕ, бон фӕрухс кӕны». Йаков ын афтӕ: «Цалынмӕ мын арфӕ ракӕнай, уӕдмӕ Дӕ не суадздзынӕн».
Райдиан 32:26 ஆராயுங்கள்
3
Райдиан 32:24
Ӕмӕ мӕнӕ Йаков иунӕгӕй аззади. Уӕд Чидӕр йемӕ хъӕбысӕй хӕцын райдыдта, фӕхӕцыдысты суанг сӕуӕхсиды фӕзындмӕ.
Райдиан 32:24 ஆராயுங்கள்
4
Райдиан 32:30
Йаков уыцы бынат схуыдта Пенуел, уымӕн ӕмӕ, дам, Хуыцауы федтон ныхӕй-ныхмӕ ӕмӕ удӕгасӕй баззадтӕн.
Райдиан 32:30 ஆராயுங்கள்
5
Райдиан 32:25
Йӕ бон Йаковы абырсын нӕу, уый куы федта, уӕд ын хӕцгӕ-хӕцын йӕ агъдмӕ февнӕлдта, ӕмӕ лӕгӕн йӕ сины стӕг фелвӕсти.
Райдиан 32:25 ஆராயுங்கள்
6
Райдиан 32:27
Уый йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Дзуапп ын радта: «Йаков».
Райдиан 32:27 ஆராயுங்கள்
7
Райдиан 32:29
Йаков Ӕм бахатыди: «Дӕ ном мын зӕгъ, Дӕ хорзӕхӕй». Уый йын загъта: «Мӕ номӕй Мӕ цы фӕрсыс?» Ӕмӕ уым Йаковӕн раарфӕ кодта.
Райдиан 32:29 ஆராயுங்கள்
8
Райдиан 32:10
Дӕ цагъарӕн ӕдзух цы хӕрзты цыдтӕ ӕмӕ йыл куыд иузӕрдион уыдтӕ, ӕз уый аккаг нӕ дӕн. Кӕддӕр айдагъ лӕдзӕгимӕ ахызтӕн Иорданы фалемӕ, ныр мӕ фӕллой у дыууӕ рӕсӕнуаты фаг.
Райдиан 32:10 ஆராயுங்கள்
9
Райдиан 32:32
Хъӕбысӕйхӕцӕг Йаковӕн йӕ сины хӕцъӕфмӕ кӕй февнӕлдта, уымӕ гӕсгӕ израилӕгтӕ суанг абонмӕ дӕр сины хӕцъӕф нӕ хӕрынц.
Райдиан 32:32 ஆராயுங்கள்
10
Райдиан 32:9
Йаков скуывта: «О мӕ фыдӕл Авраамы Хуыцау ӕмӕ мӕ фыд Исаакы Хуыцау! О Дунедарӕг, афтӕ мын Чи загъта, аздӕх дӕхи бӕстӕм, дӕ хионтӕм, ӕмӕ дыл ауддзынӕн, зӕгъгӕ!
Райдиан 32:9 ஆராயுங்கள்
11
Райдиан 32:11
Гъемӕ мӕ ме ’фсымӕр Исавы фыдӕхӕй бахиз! Тӕрсын, куы ’рбацӕуа ӕмӕ куы амара мӕн дӕр ӕмӕ мӕ цоты дӕр сӕ мадӕлтимӕ.
Райдиан 32:11 ஆராயுங்கள்
முகப்பு
வேதாகமம்
வாசிப்புத் திட்டங்கள்
காணொளிகள்