Тауӕгӕн мыггаг Чи дӕтты, хӕрынӕн та — хойраг, Уый уын ратдзӕн мыггаг, ӕрзайын кӕндзӕн ӕмӕ сбирӕ кӕндзӕн уӕ рӕстады тыллӕг. Алцӕмӕй дӕр афтӕ схъӕздыг уыдзыстут, ӕмӕ уӕ бон уыдзӕни кӕддӕриддӕр рӕдауӕй баххуыс кӕнын. Уӕд бирӕтӕ арфӕ кӕндзысты Хуыцауӕн, нӕ къухӕй кӕй айсой, уӕ уыцы ӕххуысы тыххӕй.