Мӕ уарзон хӕлӕрттӕ, уӕ бафӕлварыны тыххӕй фыдӕвзарӕнты кӕй ӕфтут, уый уӕм диссаг ма кӕсӕд, цыма уыл цыдӕр ӕнахуыр хъуыддаг ӕрцыди, уыйау. Фӕлӕ цин кӕнут, Чырыстийы тухӕнтӕй хайджын кӕй стут, ууыл ӕмӕ хъӕлдзӕг ӕмӕ зӕрдӕрухс уыдзыстут, Йӕ кад куы раргом уа, уӕд.