Уӕдӕ уе ’ппӕт дӕр ут ӕмзонд, кӕрӕдзийы мӕт ӕмӕ цинӕй хайджын, ӕфсымӕруарзаг, зӕрдӕхӕлар, сӕрныллӕг. Фыдӕх ма фидут фыдӕхӕй, ӕфхӕрӕн ныхас — ӕфхӕрӕн ныхасӕй. Уый нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕй курут хорзӕх ӕфхӕрджытӕн — Хуыцау сымахмӕ уый тыххӕй фӕсидти. Ӕмӕ уыл уӕд ӕрцӕудзӕн Йӕ хорзӕх.