Chapa ya Youversion
Ikoni ya Utafutaji

Марк 4

4
1Ӕмӕ та Йесо денджызы был ногӕй адӕмы райдыдта ахуыр кӕнын. Тынг бирӕ адӕм ӕрбамбырд ис йӕ алыварс. Уӕд Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ уым ӕрбадти, адӕм та иууылдӕр былгӕрон уыдысты. 2Ӕмӕ сын фӕсномыгӕй бирӕ фӕцамыдта, ахуыр сӕ кодта:
3«Ӕрбайхъусут-ма: мӕнӕ хортауӕг тауынмӕ рацыд. 4Таугӕ-тауын нӕмгуытӕй иутӕ ӕрхаудысты фӕндаггӕрон, ӕртахтысты мӕргътӕ ӕмӕ сӕ рауыгътой. 5Ӕрхауди дзы, сыджыт фаг кӕм нӕ уыдис, ахӕм дурджын ран дӕр, ӕмӕ уайтагъд сӕвзӕрдысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх арф нӕ уыди. 6Фӕлӕ хур куы скасти, уӕд сӕ асыгъта, ӕмӕ бахус сты, уымӕн ӕмӕ сӕ уидаг фидар нӕ уыд. 7Цасдӕр дзы ӕрхауди сындзыты ӕхсӕн; сындзытӕ сырӕзтысты ӕмӕ сӕ фӕбынӕй кодтой, ӕмӕ нӕмгуытӕ тыллӕг нӕ радтой. 8Иннӕтӕ та ӕрхаудысты бӕзнаг мӕрыл. Сӕхиуыл куы схӕцыдысты ӕмӕ рӕз куы схастой, уӕд тыллӕг радтой: иутӕ — дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕтӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕтӕ та — фондзыссӕдз хатты фылдӕр». 9Ӕмӕ ма сын ноджы загъта: «Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
10Адӕм куы ацыдысты, уӕд Ӕй дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ ма уым семӕ чи баззади, уыдон бафарстой, фӕсномыгӕй цӕмӕн дзурыс, зӕгъгӕ. 11Йесо сын загъта: «Сымахӕн лӕвӕрд у Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинад зонын, уыдонӕн та, ӕддагӕттӕн, ӕппӕт дӕр фӕсномыгӕй амындӕуы, 12уымӕн ӕмӕ
„сӕ цӕстӕй кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц,
хъусӕй хъусынц, фӕлӕ не ’мбарынц.
Хуыцаумӕ се ’ргом куы раздахиккой,
уӕд сын барст ӕрцӕуиккой сӕ тӕригъӕдтӕ“».
13Загъта ма сын: «Кӕд ацы фӕсномыг ныхас не ’мбарут, уӕд иннӕ ӕмбисӕндтӕ та куыд бамбардзыстут?
14Тауӕг ныхас тауы. 15Фӕндаггӕрон цы нӕмгуытӕ ӕрхауди, уыдоны ӕнгӕс сты ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ сайтан сӕ уӕлхъус алӕууы ӕмӕ сын ӕй аскъӕфы сӕ зӕрдӕйӕ. 16Дурджын ран кӕй байтыдӕуыд, уыдоны ӕнгӕс та сты ахӕм адӕймӕгтӕ: куыддӕр ныхас фехъусынц, афтӕ йӕ, цингӕнгӕ, сӕ зӕрдӕмӕ айсынц, 17фӕлӕ ӕнӕуидаг сты, ӕмӕ сын бирӕ нӕ ахӕссы. Тыхст рӕстӕг куы ралӕууы, кӕнӕ Хуыцауы ныхасы тыххӕй ӕфхӕрын куы райдайынц, уӕд уайтагъд ныууадзынц сӕ уырнындзинад. 18Сындзыты ӕхсӕн цы нӕмгуытӕ байтыдӕуыд, уыдон та сты ахӕм адӕймӕгтӕ: фехъусынц ныхас, 19фӕлӕ сын ӕй зӕххон царды мӕт, мулчы бӕллиц ӕмӕ ӕндӕр ахӕм монцтӕ сӕ быны фӕкӕнынц, ӕмӕ пайда нӕ ратты. 20Бӕзнаг мӕрыл цы нӕмгуытӕ байтыдӕуыд, уыдон та сты, ныхас чи фехъусы, йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, ахӕм адӕймӕгтӕ: сӕ иу пайда ратты дӕс ӕмӕ ссӕдз хатты, иннӕ — ӕртиссӕдз хатты, аннӕ та — фондзыссӕдз хатты фылдӕр».
21Йесо сын загъта: «Цырагъ агъуыстмӕ, мыййаг, уый тыххӕй бахӕссынц, цӕмӕй йӕ дурыны кӕнӕ сынтӕджы бын бавӕрой? Цырагъдарӕныл ӕй нӕ сӕвӕрынц? 22Ахӕм сусӕгдзинад нӕй, ӕмӕ ма рахъӕр уа; афтӕ бамбӕхсӕн ницы ис, ӕмӕ ма раргом уа. 23Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!»
24Ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Цы хъусут, ууыл-иу ахъуыды кӕнут. Цы барӕнӕй барут, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр ӕмӕ ма уын ыл ноджыдӕр бафтаудзысты. 25Уымӕн ӕмӕ, кӕмӕ ис, уымӕн рардӕуыдзӕн, кӕмӕ нӕй, уымӕй та, цы йӕм ис, уый дӕр ист ӕрцӕудзӕни».
26Йесо загъта: «Уӕларвон Паддзахад, адӕймаг зӕххы хоры нӕмыг куыд байтауы, уый ӕнгӕс у. 27Ӕхсӕвыгон кӕны фынӕй, бонӕй та сысты; уӕдмӕ мыггаг суадзы ӕвзар ӕмӕ рӕзы — куыд, уый та адӕймаг зонгӕ дӕр нӕ кӕны. 28Уымӕн ӕмӕ зӕхх тыллӕг йӕхӕдӕг ратты: раздӕр ссӕуы ӕвзар, уый фӕстӕ фӕзыны ӕфсир, стӕй ӕфсиры нӕмыг ныннӕрсы. 29Хор куы сцӕттӕ вӕййы, уӕд ыл адӕймаг ӕвӕстиатӕй рауадзы ӕхсырф, уымӕн ӕмӕ хуымгӕрдӕн афон ралӕууыд».
30Йесо дзырдта дарддӕр: «Цӕимӕ абарӕм Хуыцауы Паддзахад, цавӕр фӕсномыг ныхасӕй йӕ равдисӕм? 31Уый у хъыцъыйы нӕмыгау. Тауинӕгты ӕхсӕн йӕ гагайӕ къаддӕр нӕй. 32Куы йӕ байтауынц ӕмӕ куы сзайы, уӕд та цӕхӕрадоны зайӕгойтӕн се ’ппӕты сӕрты акӕсы, йе стыр къабузты аууоны уӕларвон мӕргътӕн сӕ бон вӕййы ахстӕттӕ скӕнын».
33Ахӕм ӕмбисӕндтӕй сын Йесо, сӕ бон бамбарын цас уыди, уыйас амыдта. 34Ӕнӕ фӕсномыг ныхасӕй сын ницы дзырдта, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн та алцыдӕр хибарӕй ӕмбарын кодта.
35Уыцы бон изӕрӕй Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахизӕм денджызы фаллаг фарсмӕ». 36Ахуыргӕнинӕгтӕ ауагътой адӕмы, Йесоимӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ араст сты. Адӕм дӕр бӕлӕгъты рацыдысты Йӕ фӕдыл. Уым ма уыди ӕндӕр бӕлӕгътӕ дӕр. 37Ӕвиппайды уаддымгӕ сыстад. Уылӕнтӕ бӕлӕгъыл сӕхи цавтой, ӕмӕ бӕлӕгъ донӕй дзаг кӕнын райдыдта. 38Йесо та бӕлӕгъы кӕрон фынӕй кодта, Йӕ сӕр бӕлӕгъы базыл сӕвӕрдта, афтӕмӕй. Райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, сӕфгӕ куы кӕнӕм, уӕд ныл Ды цӕуылнӕ мӕт кӕныс?» 39Йесо сыстади, уад басабыр кодта ӕмӕ денджызӕн загъта: «Ӕрӕнцай, ныссабыр у!» Уад банцад, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис. 40Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Ныр дӕр ма уӕ нӕ уырны?» 41Уыдон стыр тасы бацыдысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уый Чи уа, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»

Iliyochaguliwa sasa

Марк 4: ОссБ

Kuonyesha

Shirikisha

Nakili

None

Je, ungependa vivutio vyako vihifadhiwe kwenye vifaa vyako vyote? Jisajili au ingia