Апостолты хъуыддӕгтӕ 14
14
1Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконийы дӕр бацыдысты иудейаг синагогӕмӕ, амыдтой афтӕ, ӕмӕ иудейӕгтӕй ӕмӕ муртаттӕгтӕй тынг бирӕ баууӕндыд Йесойыл. 2Хуыцауы Дзырдӕн чи нӕ басаст, уыцы иудейӕгтӕ та сызмӕстой муртаттӕгты ӕмӕ сӕ сардыдтой ӕфсымӕрты ныхмӕ. 3Павел ӕмӕ Варнавӕ уым фесты бирӕ рӕстӕг; ныфсджынӕй дзырдтой Бардарӕджы тыххӕй, ӕмӕ Йӕ хорзӕхы тыххӕй раст кӕй дзырдӕуыд, уый апостолты фӕрцы Бардарӕг ӕвдыста ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕй. 4Сахары адӕм фӕдих сты: иутӕ иудейӕгты фарс уыдысты, иннӕтӕ та — апостолты. 5Муртаттӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ сӕ хистӕртимӕ скодтой апостолты бафхӕрыны ӕмӕ сӕ дуртӕй амарыны фӕнд. 6Павел ӕмӕ Варнавӕ уый куы базыдтой, уӕд ацыдысты ликаониаг сахартӕ Листрӕ ӕмӕ Дервимӕ, стӕй сӕ алфамбылӕйттӕм. 7Ам дӕр хъусын кодтой Фарны Уац.
8Листрӕйы царди, йӕ къӕхтӕ сахъат кӕмӕн уыдысты, иу ахӕм лӕг; ӕдзухдӕр бадгӕ кодта, цӕуынхъом никуы уыд, уымӕн ӕмӕ мады гуыбынӕй афтӕ рахаста. 9Павел куы дзырдта, уӕд ӕм хъуыста. Павел ӕм ӕдзынӕг ныккаст ӕмӕ федта: уыцы лӕгмӕ ис, кӕй фӕрцы сдзӕбӕх уа, ахӕм уырнындзинад.
10Уӕд ын Павел хъӕрӕй загъта: «Слӕуу дӕ къахыл». Уый уайтагъд фӕгӕпп ласта ӕмӕ райдыдта цӕуын. 11Павел цы бакодта, уый адӕм куы федтой, уӕд ликаониагау хъӕр кӕнын райдыдтой: «Адӕймаджы хуызы нӕм хуыцӕуттӕ ӕрцыдысты!»
12Ӕмӕ Варнавӕйы хуыдтой Зевс, Павелы та — Гермес#14:12 Зевс ӕмӕ Гермес — рагон бердзенӕгты хуыцӕуттӕ. Зевс сӕм нымад уыди уӕлдӕр хуыцауыл, Гермес та — хуыцӕутты фидиуӕгыл., уымӕн ӕмӕ ныхас фылдӕр уый кодта. 13Сахары кулдуары размӕ Зевсӕн цы кувӕндон уыд, уый дзуарылӕг та кулдуары цурмӕ ӕрбатардта галтӕ ӕмӕ ӕрбахаста дидинӕгбыдтӕ, йӕ зӕрды уыди нывонд ӕрхӕссын адӕмимӕ. 14Фӕлӕ апостолтӕ Варнавӕ ӕмӕ Павел уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ дарӕстӕ арӕдывтой фӕйнӕрдӕм, сӕхи баппӕрстой адӕммӕ ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй дзырдтой: 15«Адӕм, уый цы ми кӕнут? Мах дӕр сымах хуызӕн адӕймӕгтӕ стӕм. Хъусын уын кӕнӕм Фарны Уац, цӕмӕй сымах уӕ мӕнгхуыцӕуттӕй раздӕхат цардӕгас Хуыцаумӕ — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕгмӕ. 16Хуыцау рагзаманы адӕмтӕн лӕвӕрдта, сӕхи куыд фӕнды, афтӕ цӕрыны бар. 17Фӕлӕ уӕддӕр Йӕ хорз хъуыддӕгтӕй иудадзыг ӕвдыста Йӕхи: арвӕй уын ӕрвиты къӕвда ӕмӕ йӕ афоныл дӕтты зӕххы бӕркад; хойрагӕй уӕ хӕссы ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсады». 18Уыцы ныхӕсты фӕрцы дӕр зынтӕй баурӕдтой адӕмы, цӕмӕй сын нывонд ма ӕрхӕссой.
19Уӕд Антиохи ӕмӕ Иконийӕ ӕрцыдысты иудейӕгтӕ ӕмӕ адӕмы сардыдтой апостолты ныхмӕ. Павелыл ралӕууыдысты дурадзагъдӕй, ӕнхъӕл уыдысты, амарди, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыфцӕй ласӕгау фӕссахармӕ аластой. 20Фӕлӕ йыл ахуыргӕнинӕгтӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд Павел сыстад ӕмӕ фӕстӕмӕ ацыди сахармӕ. Дыккаг бон Варнавӕимӕ араст Дервимӕ.
21Уыцы сахармӕ Фарны Уац ӕрхастой ӕмӕ бирӕты скодтой ахуыргӕнинӕгтӕ. Уый фӕстӕ ӕрбаздӕхтысты Листрӕмӕ, уырдыгӕй та — Иконимӕ ӕмӕ Антиохимӕ. 22Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ. 23Алы аргъуанӕн дӕр сӕвӕрдтой хистӕртӕ, сӕ къухтӕ сыл ӕрӕвӕргӕйӕ. Ком даргӕйӕ сын скуывтой ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхстой, Кӕуыл баууӕндыдысты, уыцы Бардарӕгыл. 24Апостолтӕ ахызтысты Писидийыл ӕмӕ ӕрцыдысты Памфилимӕ.
25Пергийы фӕцамыдтой Хуыцауы ныхас, стӕй ацыдысты Атталимӕ. 26Уырдыгӕй денджызыл сӕ фӕндаг адардтой Антиохимӕ ӕмӕ уым сӕххӕст кодтой, Хуыцауы хорзӕхыл бафӕдзӕхсгӕйӕ сын цы хъуыддаг бабар чындӕуыд, уый.
27Куы бахӕццӕ сты, уӕд ӕрӕмбырд кодтой аргъуаны уӕнгты ӕмӕ радзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы цыдӕриддӕр сарӕзта, стӕй муртаттӕгтӕн уырнындзинады дуар куыд байгом кодта, уый тыххӕй. 28Павел ӕмӕ Варнавӕ уым дзӕвгар рӕстӕг арвыстой ахуыргӕнинӕгтимӕ.
Iliyochaguliwa sasa
Апостолты хъуыддӕгтӕ 14: ОссБ
Kuonyesha
Shirikisha
Nakili

Je, ungependa vivutio vyako vihifadhiwe kwenye vifaa vyako vyote? Jisajili au ingia
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: