1
2 Коринфӕгтӕм 1:3-4
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Арфӕгонд уӕд нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы Хуыцау ӕмӕ Фыд, нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ нӕ ныфсдӕттӕг Хуыцау. Уый махӕн нӕ ныфс у нӕ алы зындзинады дӕр, цӕмӕй, зынтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн та мах лӕууӕм се ’нцой, Хуыцау нӕхицӕн не ’нцой кӕй лӕууы, уый фӕрцы.
Linganisha
Chunguza 2 Коринфӕгтӕм 1:3-4
2
2 Коринфӕгтӕм 1:5
Уымӕн ӕмӕ мах Чырыстийы хъизӕмӕрттӕй цас фылдӕр хайджын разынӕм, уыйас нын Чырысти дӕр дӕтты фылдӕр ныфс.
Chunguza 2 Коринфӕгтӕм 1:5
3
2 Коринфӕгтӕм 1:9
Афтӕ нӕм касти, цыма нын мӕлӕты тӕрхон рахастӕуыд. Уыцы фыдӕвзарӕны бахаудыстӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ нӕхиуыл нӕ, фӕлӕ мӕрдты ӕгасгӕнӕг Хуыцауыл дарӕм.
Chunguza 2 Коринфӕгтӕм 1:9
4
2 Коринфӕгтӕм 1:21-22
Чырыстиимӕ иугондӕй махӕн сымахимӕ хъару Чи дӕтты, уыцы Хуыцау нӕ равзӕрста Йӕхицӕн. Ӕмӕ Йӕ адӕм кӕй стӕм, зӕрдӕ нын цӕмӕй бавӕрдта, уыдӕттӕ кӕй райсдзыстӕм, уый равдисынӕн уал нын Хуыцау нӕ зӕрдӕты ӕрцӕрын кодта Йӕ Сыгъдӕг Уд.
Chunguza 2 Коринфӕгтӕм 1:21-22
5
2 Коринфӕгтӕм 1:6
Кӕд мах хъизӕмар кӕнӕм, уӕд нӕ хъизӕмар у сымах ныфс бауадзыны ӕмӕ уӕ фервӕзыны сӕраппонд. Кӕд мах бауагъдӕуы ныфс, уӕд уый у сымахӕн ныфс раттыны сӕраппонд. Уыцы ныфсы руаджы сымах фӕразонӕй фӕбыхсут, мах дӕр кӕй ӕвзарӕм, уыцы хъизӕмӕрттӕн.
Chunguza 2 Коринфӕгтӕм 1:6
Nyumbani
Biblia
Mipango
Video