Наум 3
3
1Додой йӕ къона тугӕйдзаг сахарӕн! Йемыдзаг у фӕлывд ӕмӕ лӕгмарӕй, стигъынӕн дзы нӕй кӕрон!
2Ехсы къӕрццытӕ, цӕлхыты гыбар-гыбур хъуысынц, бӕхты мыр-мыр цӕуы, тохуӕрдӕттӕ гыбар-гыбур кӕнынц. 3Размӕ тӕхы бӕхӕфсад, цӕхӕртӕ калынц ӕрцытӕ, ӕрттивынц кӕрдтӕ.
Цас мӕрдтӕ ис, цас! Мӕрдты кӕритӕ, ӕнӕнымӕц мӕрдтӕ! Адӕм сыл фӕкӕл-фӕкӕл кӕнынц.
4О, хӕтаг сылгоймаг, рӕсугъд ӕмӕ дӕсны кӕлӕнгӕнӕг! Адӕмты ӕмӕ знӕмты ныууӕй кодтай дӕ хӕтын ӕмӕ дӕ кӕлӕнтӕй. Ӕз уый тыххӕй сыстадтӕн дӕ ныхмӕ, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — 5дӕ фӕччи дын дӕ цӕсгомы онг сфӕлдахдзынӕн, адӕмтӕн дӕ равдисдзынӕн бӕгънӕгӕй, дӕ худинаг дын паддзахӕдтӕн фенын кӕндзынӕн. 6Фаджысы бын дӕ фӕкӕндзынӕн, куыд сӕгад дӕ, уый алчидӕр куыд уына, афтӕ. 7Чи дӕ фена, уый дӕ цурӕй алидздзӕн ӕмӕ зӕгъдзӕн: «Ныззыгуым ис Ниневи!» Ничи дыл скӕудзӕн, ничи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн.
8Цӕмӕй хуыздӕр дӕ Но-Амоны сахарӕй, цӕугӕдӕтты астӕу чи ис, уымӕй? Уымӕн йӕ алыварс — дон, денджыз — йӕ гӕрӕн, йӕ систӕ — доны уылӕнтӕ. 9Эфиопийы цӕрджытӕ ӕмӕ мысырӕгты ӕнӕнымӕц ӕфсӕдтӕ йӕм ӕххуысмӕ цыдысты, Пут ӕмӕ Ливийы цӕрджытӕ уыдысты йӕ цӕдисонтӕ. 10Фӕлӕ уӕддӕр хаст ӕрцыдысты йӕ адӕм, уацары сӕ акодтой. Йӕ сабиты йын, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты фӕмардтой. Хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕмӕ йын се ’хсӕн байуӕрстой йӕ уӕздӕтты, се ’ппӕты дӕр рӕхыстӕй сбастой. 11Гъемӕ уӕдӕ ды дӕр ныррасыг уыдзынӕ, знӕгтӕй фервӕзыныл дзӕгъӕлы архайдзынӕ.
12Дӕ фидӕрттӕ сты легъуи бӕласы рӕгъӕд дыргъты хуызӕн: куы сӕ бауигъай, уӕд, чи сӕ хӕры, уымӕн йӕ дзыхмӕ ’рхаудзысты. 13Дӕ хӕстонтӕ тӕппуд сты сылгоймӕгтау. Дӕ бӕстӕйы кулдуӕрттӕ уӕрӕх байгом сты дӕ фыдгултӕн, се ’вдузӕнтӕ арты басыгъдысты.
14Дон сис дӕхицӕн ӕмӕ йӕ ӕрӕфснай, уымӕн ӕмӕ дыл знӕгтӕ ӕрхъула кӕндзысты. Дӕ гӕнӕхтӕм дӕр базил! Ӕлыг змӕнт, агуыридуртӕ араз, сфидар кӕн дӕ систӕ! 15Уӕддӕр басудздзынӕ арты, карды амӕттаг бауыдзынӕ! Цыма дӕ мӕтыхтӕ бахордтой, уыйау де сӕфт ӕрцӕудзӕн.
О, сбирӕ у мӕтыхтау! 16Арвыл стъалытӕ уый бӕрц нӕй, дӕумӕ сӕудӕджертӕ цас ис, фӕлӕ сӕ базыртӕ айтындздзысты ӕмӕ мӕтыхтау атӕхдзысты.
17Дӕ хӕстонтӕ ӕнӕнымӕц сты мӕтыхтау, де ’фсӕдтон хицӕуттӕ сбирӕ сты бындзытау. Уазал бон систӕм сбырынц, фӕлӕ, куыддӕр хур ракӕсы, афтӕ алырдӕмты фӕтӕхынц, ӕмӕ сын сӕ фӕд ссарӕн дӕр нал вӕййы.
18Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй. 19Дӕ цӕф дын ничи сдзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ байгас уыдзӕн дӕ хъӕдгом. Дӕ фыдбылызы хабар дын чидӕриддӕр фехъуса, уый нымдзӕгъд кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’нӕкӕрон ӕгъатырдзинад йӕхиуыл чи нӕ бавзӕрста, ахӕм нал баззад.
Currently Selected:
Наум 3: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: