YouVersion Logo
Search Icon

Аввакум 1

1
1Пехуымпар Аввакумы цӕстылуайӕн — рагуац.
2О Дунедарӕг! Кӕдмӕ Дӕм сидон ӕз ӕххуысмӕ, цӕмӕй мӕ фехъусай? Фӕдисхъӕр Дӕм кӕдмӕ кӕнон, тыхгӕнӕгӕй кӕд фервӕзын кӕндзынӕ? 3Цӕмӕн мын уынын кӕныс фыдбылызтӕ, фыддзинадмӕ ӕвӕлмасӕй куыд кӕсон? Мӕ алыварс — тыхмитӕ, стыгъд, фыдӕх, хъаугъатӕ нӕ сабыр кӕнынц. 4Ӕгъдау йӕ тых дӕр уымӕн фесӕфта, рӕстдзинад нал ис. Ӕнӕхуыцау фӕуӕлахиз рӕстгӕнӕгыл, раст тӕрхон сзыгъуыммӕ ис.
5Акӕсут-ма адӕмтӕм лӕмбынӕг — стыр дисы уӕ бафтаудзысты. Уымӕн ӕмӕ уӕ заманы Ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын рагацау исчи йӕ кой куы скодтаид, уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид. 6Ӕз уын уӕ ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн халдейӕгты, ӕгъатыр ӕмӕ знӕт адӕмы. Уыдон ӕппӕт зӕххыл ӕрзилдзысты, цӕмӕй кӕйдӕр хъӕутӕ бацахсой.
7Карз ӕмӕ тӕссаг сты, сӕхӕдӕг сты хицӕуттӕ сӕхицӕн, сӕхи ’гъдӕуттӕ сын ис. 8Сӕ бӕхтӕ — фыранчытӕй рогдӕр, ӕхсӕвы бирӕгътӕй хъӕхъхъагдӕр. Сӕ барджытӕ дугъӕй уайынц, дардӕй ӕрбатӕхынц, цыма цӕргӕс йӕ амӕттагмӕ тӕхы, уыйау. 9Иууылдӕр стигъынмӕ фесты, ӕхсидгӕ зилгӕ дымгӕйау размӕ бырсынц ӕмӕ уацайрӕгты змисау ӕмбырд кӕнынц. 10Хъазынц паддзӕхтӕй, хынджылӕг кӕнынц бӕстыхицӕуттӕй, худынц фидӕрттыл. Сыджытбырутӕ саразынц ӕмӕ сӕ басӕттынц. 11Зилгӕ уадау сӕ фӕндагыл алцы ныссӕрфынц, ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕнынц. Сӕ хъару — сӕ хуыцау.
12О Дунедарӕг, ау, Ды ӕнусон нӕ дӕ? Мӕ Уаз Хуыцау, Ды ӕнӕмӕлӕт дӕ!
О Дунедарӕг! Ды уыдоны Дӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ рарвыстай! Мӕ Фидар Къӕдзӕх! Хъару сын радтай, цӕмӕй нӕ бафхӕрай! 13Фӕлӕ ӕгӕр сыгъдӕг сты Дӕ цӕстытӕ фыдракӕндтӕ уынынӕн. Бӕллӕхмӕ кӕсын нӕу Дӕ бон. Уӕдӕ фӕлитойтӕм куыд кӕсыс? Фыдгӕнӕг ӕнаххосы куы фӕныхъуыры, уӕд куыд фӕлӕууыс ӕдзӕмӕй?
14Ды адӕмы скодтай денджызы кӕсӕгты, хицау кӕмӕн нӕй, ахӕм доны змӕлӕгойты хуызӕн. 15Фыдгул сӕ йе ’нгуырӕй сласы, кӕсагахсӕн хызӕй сӕ ахсы, йӕ зӕрдӕ райы фыр цинӕй. 16Йӕ ахсӕн хызтӕн хӕссы нывӕндтӕ ӕмӕ сын буд судзы, уымӕн ӕмӕ уыдӕтты фӕрцы у фыр хъӕздыг, дзаджджын сты йӕ фынгтӕ. 17Фӕлӕ кӕдмӕ ӕвзиддзӕн кардӕй, ӕгъатырӕй адӕмты кӕдмӕ цӕгъддзӕн?

Currently Selected:

Аввакум 1: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in