Наум 2
2
1Дӕ ныхмӕ рацыди дӕрӕнгӕнӕг! Дӕ фидӕрттӕ ӕмӕ дӕ фӕндӕгтӕ хъахъхъӕн, дӕ астӕу ӕрбабӕтт ӕмӕ дӕ тыхтӕ ӕрбамбырд кӕн. 2Дунедарӕг ногӕй скадджын кӕндзӕн Израилы, кӕд ӕй абырджытӕ бастыгътой ӕмӕ йын йӕ сӕнӕфсиры талатӕ бассӕстой, уӕддӕр.
3Йӕ хӕстонтӕн сӕ уӕртытӕ — сырх, йе ’фсӕддонтыл — туджы зылд дарӕс; хӕстӕввонгӕй ӕрттивынц йӕ тохуӕрдӕттӕ, фӕйлауынц ӕрцытӕ. 4Хӕстон уӕрдӕттӕ фӕцӕйтӕхынц уынгты, фӕзты дыууӕрдӕм кӕнынц, цырӕгътау цӕхӕртӕ калынц, ӕрвӕрттывдау ферттивынц.
5Ассирийы паддзах йӕ хуыздӕр хӕстонтӕм сиды, фӕкӕл-фӕкӕлгӕнгӕ, фезгъорынц. Сахары систӕм сбырыдысты, фӕлӕ ныридӕгӕн сӕ разы знаджы гӕнӕхтӕ сырӕзтызты.
6Цӕугӕдоны ауазӕнтӕ ратыдтой, знӕгтӕ дӕрӕн кӕнынц паддзахы галуан. 7Уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ рахастӕуыд: Ниневийы сахар гом-гӕрццӕй аззайдзӕн, йӕ цӕрджыты йын уацары акӕндзысты. Йӕ унӕуттӕ марой кӕнынц, сӕ риутӕ хойынц бӕлӕттау!
8Аразгӕ цады дон йӕ ауазӕнтӕй куыд ратоны, уыйау адӕм лидзынц Ниневийӕ. Хъӕр сӕм кӕнынц: «Ӕрлӕуут-ма! Ӕрлӕуут!» Фӕлӕ дзы иу дӕр не здӕхы фӕстӕмӕ.
9Хӕлоф кӕнут ӕвзистыл! Сыгъзӕрин давут! Сӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, банымайӕн дӕр сын нӕй.
10Сафтид ис, хӕлӕттаг фӕци, гӕныстонмӕ ’рцыди сахар. Адӕмӕн фыр тӕссӕй сӕ зӕрдӕтӕ фегуыппӕг вӕййынц, сӕ уӕрджытӕ сӕхи хойынц кӕрӕдзиуыл, сӕ буӕрттӕн сӕ дыз-дыз цӕуы, сӕ цӕсгӕмттӕ ныффӕлурс сты.
11-12Кӕм ис ныр Ниневи, домбӕйтты лӕгӕт, сырдты цӕрӕнуат чи уыди, уый? Нӕл ӕмӕ дзы мадӕл домбӕйттӕ ’мбӕхстысты, сӕ лӕппынты сын уым хъыгдарӕг нӕ уыд. Нӕл домбай йӕ цотӕн цыди цуаны, мадӕл домбӕйттӕн амӕттӕгты хурх кодта, йӕ лӕгӕттӕ-иу байдзаг кодта ӕфтиӕгтӕй, мард цӕрӕгойтӕй.
13Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы:
— Ӕз дӕ ныхмӕ сыстадтӕн! Дӕ тохуӕрдӕттӕ дын арты фӕздӕджы басудздзынӕн, дӕ лӕппынты дын кардӕй ныццӕгъдын кӕндзынӕн, де ’фтиӕгтӕ дын иууылдӕр фесафдзынӕн зӕххыл! Дӕ минӕвӕрттӕ дын дунейыл дӕ кады хабӕрттӕ нал айхъуысын кӕндзысты.
Currently Selected:
Наум 2: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: