Ионӕ 4
4
1Уый Ионӕйӕн тынг хъыг уыди ӕмӕ смӕсты. 2Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг! Мӕхи бӕстӕйы ма куы цардтӕн, уӕд ууыл нӕ дзырдтон, мыййаг? Таршишмӕ лидзын дӕр уый тыххӕй сфӕнд кодтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон, фӕлмӕнзӕрдӕ, бирӕбыхсаг, бирӕбараг Хуыцау кӕй дӕ ӕмӕ Дӕ фыдбылыз ӕруадзын кӕй нӕ фӕнды, уый. 3Уӕдӕ мын ныр, Дунедарӕг, айс мӕ уд, уымӕн ӕмӕ мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у». 4Дунедарӕг ын загъта: «Ау, уый дын уый бӕрц хъыг фӕцис?» 5Ионӕ сахарӕй рацыди, йе скӕсӕнварс халагъуд сарӕзта ӕмӕ йӕ аууоны сбадти, цӕмӕй, сахар цы бауыдзӕнис, уый фена. 6Уӕд Дунедарӕг Хуыцау уым зайӕгой ӕрзайын кодта. Уый Ионӕйӕн йӕ сӕрты акасти ӕмӕ йын аууон дардта, кӕд дзы йӕ маст ферох уаид, зӕгъгӕ. Ионӕ тынг бацин кодта уыцы зайӕгойыл. 7Фӕлӕ Хуыцау афтӕ бакодта, ӕмӕ дыккаг бон, куыддӕр ӕрбарухс, афтӕ къуыдыргалм уидӕгтӕ бахсыдта, ӕмӕ зайӕгой бахус. 8Хур куы скасти, уӕд та Хуыцау рауагъта скӕсӕйнаг тӕвд дымгӕ, ӕмӕ хур Ионӕйы сӕр арауын байдыдта. Афтӕ стыхсти, ӕмӕ йӕхицӕн мӕлӕт куырдта: «Мӕ мӕлӕт мӕ цардӕй хуыздӕр у». 9Ӕмӕ Хуыцау Ионӕйӕн загъта: «Ау, зайӕгойы тыххӕй афтӕ мӕсты кӕныс?» «Тынг, амӕлыны онг», — загъта уый. 10Уӕд ын Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Ды тӕригъӕд кӕныс, кусгӕ кӕуыл нӕ бакодтай, кӕй не ’рзайын кодтай, иунӕг ӕхсӕвмӕ чи сзадис ӕмӕ иунӕг ӕхсӕвмӕ сӕфгӕ дӕр чи фӕкодта, уыцы зайӕгойӕн. 11Уӕд ӕз Ниневийӕн — рахиз къух галиуӕй чи нӕ иртасы, ахӕм адӕм ӕхсӕзыссӕдз минӕй фылдӕр, стӕй бирӕ фос кӕм ис, уыцы стыр сахарӕн — куыннӕ батӕригъӕд кӕнон?»
Currently Selected:
Ионӕ 4: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: