YouVersion Logo
Search Icon

Михей 1

1
1Иудейаг паддзӕхтӕ Иотам, Ахаз ӕмӕ Езекиайы заман Дунедарӕг Йӕ ныхас фехъусын кодта морешетаг Михайӕн; цӕстылуайӕны йын раргом чындӕуыд, Самари ӕмӕ Йерусалиммӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый:
2«Байхъусут, ӕппӕт адӕмтӕ, байхъусут лӕмбынӕг, ӕгас зӕхх ӕмӕ йе ’ппӕт цӕрджытӕ! Дунедарӕг Хуыцау уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн ныллӕууӕд, Йӕ уаз Кувӕндонӕй рацӕуӕд Бардарӕг!
3Мӕнӕ Дунедарӕг рацӕуы Йӕ сыгъдӕг цӕрӕнӕй, ӕрцӕудзӕн ӕмӕ зӕххы бӕрзӕндтӕ бассӕнддзӕн. 4Хӕхтӕ атайдзысты Йӕ быны; мыдадз артӕй куыд акъӕртт вӕййы, къӕдзӕхы фахсыл дон куыд рацӕйзгъоры, афтӕ дӕлвӕзтӕ фӕркгай фӕхаудзысты. 5Ӕппӕт адӕттӕ ’рцӕудзысты Йаковы ӕнӕхуыцау миты, Израилы тӕригъӕдты аххосӕй.
Самари — мӕнӕ ис Йаковы тӕригъӕд! Йерусалим — мӕнӕ ис Иудейы уаз къуыпп! 6Уыдӕтты тыххӕй Ӕз Самарийы фестын кӕндзынӕн ӕдзӕрӕг быдыр, хӕлддзӕгты кӕритӕ, сӕндӕттӕ кӕм сараздзысты, ахӕм бынат; йӕ дуртӕ йын фехсдзынӕн дӕлвӕзмӕ, йӕ бындуртӕ йын разынын кӕндзынӕн. 7Йӕ гуымирытӕ иууылдӕр ӕрцӕудзысты пырх, йӕ хӕтыны тыххӕй йын цыдӕриддӕр бафыстой, уыдон та — сыгъд, йӕ гуымирыты йын фесафдзынӕн. Ахӕм фиддон хъахбай айсдзӕн йӕ хӕтыны тыххӕй».
8Ӕз кӕудзынӕн ӕмӕ дзыназдзынӕн ууыл, бӕгъӕввад ӕмӕ бӕгънӕгӕй цӕудзынӕн; хъӕддаг куыдзау ниудзынӕн ӕмӕ страусау мӕ цӕссыг згъалдзынӕн, 9уымӕн ӕмӕ нӕй сдзӕбӕхгӕнӕн йӕ хъӕдгомӕн. Стыр бӕллӕх ӕрбахӕстӕг Иудеймӕ, суанг мӕ адӕмы кулдуары раз, Йерусалимы цур ӕрбалӕууыд. 10Уыцы хабар Гаты ма ахъӕр кӕнут, уым-иу ма кӕут! Бет-ле-Афрейы сахары рыджы сӕвдулут уӕхи!
11Шафиры цӕрджытӕ! Ӕгадӕй ӕмӕ бӕгънӕгӕй ӕцӕгӕлон бӕстӕмӕ ацӕут! Цаананы цӕрӕг нӕ алидздзӕнис; Бет-Ха-Эцелӕй хъарӕг хъуысы, фӕлӕ ӕххуыс нӕ фендзысты. 12Кӕуы йӕ исбоныл Мароты цӕрӕг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕвирхъау фыдбылыз ӕруагъта Йерусалимы кулдуарыл.
13Лахишы цӕрӕг, дӕ бӕхтӕ уӕрдоны сифтындз! Сионы чызгӕн йӕ тӕригъӕдтӕ дӕуӕй райдыдтой! Израилы фыдракӕндты аххосджын ды дӕ! 14Морешет-Гаты сахармӕ дӕ чындздзон хуынтӕ арвитдзынӕ; Ахзивы хъӕуы цӕрджытӕ фыдӕнхъӕл фӕкӕндзысты Израилы паддзӕхты.
15Марешайы цӕрӕг, тыхгӕнӕджы дӕм ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ суанг, Израил сӕрыстыр кӕмӕй у, уыцы Адулламы онг ныххӕццӕ уыдзӕн.
16Дӕ сӕрыхъуынтӕ адас, ныхъхъарӕг кӕн дӕ уарзон хъӕбултыл! Хӕдмӕлхорау ныггӕмӕх кӕн дӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ дын дӕ сабиты уацары акодтой!

Currently Selected:

Михей 1: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in