Ионӕ 3
3
1Дунедарӕг Ионӕйӕн дыккаг хатт загъта: 2«Марадз, хъуыстгонд стыр сахар Ниневимӕ ацу ӕмӕ адӕмӕн, Ӕз дын цы зӕгъын, уый фехъусын кӕн». 3Ионӕ байхъуыста Дунедарӕджы ныхасмӕ, срӕвдз кодта йӕхи ӕмӕ араст ис Ниневимӕ.
Ниневи уыди стыр сахар, йӕ иу кӕронӕй иннӕмӕ — ӕртӕ боны цыд. 4Ионӕ сахары цӕуын байдыдта, боны дӕргъы йын-иу цас бантысти, уыйас, ӕмӕ адӕмӕн Хуыцауы ныхас хъусын кодта: «Дыууиссӕдз боны ма — ӕмӕ Ниневи ныппырх уыдзӕн!»
5Ӕмӕ ниневиӕгтӕ баууӕндыдысты Хуыцауыл: стырӕй, чысылӕй ком дардтой, сӕ уӕлӕ скодтой сӕхъис. 6Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти. 7Стӕй уӕд бардзырд радта йӕхи ӕмӕ йӕ номдзыд адӕймӕгты номӕй: «Ниневийы адӕм, стурвос, лыстӕг фос дӕр мацы хӕргӕ хъуамӕ кӕной, мацы — нуазгӕ, 8Цӕмӕй адӕймагӕй, фосӕй ӕмбӕрзт уой уыцы пӕлӕзтӕй, цӕмӕй адӕм Хуыцаумӕ тынг кувын байдайой, цӕмӕй алчи йӕ рӕдыд фӕндагӕй рахиза, фыдбылыз макӕмӕнуал кӕна. 9Чи зоны, кӕд нын Хуыцау фӕтӕригъӕд кӕнид, Йӕ судзгӕ мастӕй нӕ бахизид ӕмӕ кӕд нӕ фесӕфиккам». 10Ӕмӕ федта Хуыцау, адӕм сӕ рӕдыд фӕндагӕй кӕй рахызтысты, уый, бӕллӕх ӕруадзинаг сыл кӕй уыдис, уымӕй сын фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ йӕ нал ӕруагъта.
Currently Selected:
Ионӕ 3: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: