YouVersion Logo
Search Icon

Ионӕ 2

2
1Уӕд Дунедарӕг бардзырд радта стыр кӕсагӕн, цӕмӕй Ионӕйы аныхъуыра. Ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы Ионӕ фӕци кӕсаджы гуыбыны. 2Стӕй уӕд Ионӕ кӕсаджы гуыбынӕй Дунедарӕгмӕ, йӕ Хуыцаумӕ, скуывта:
3«Мӕ тыхст сахаты ӕз ӕрхатыдтӕн Хуыцаумӕ,
мӕрдтыбӕстӕй — кӕсаджы хуылфӕй Дӕм нырдиаг кодтон,
ӕмӕ мын фехъуыстай мӕ хъӕлӕс.
4Сӕрсӕфӕнмӕ, денджызы арфмӕ мӕ нывзылдтай,
мӕ алыварс дон фестади,
Дӕ дӕттӕ ӕмӕ Дӕ уылӕнтӕ
ивылдысты мӕ сӕрты.
5Ӕз хинымӕр загътон:
Дӕ цӕстыты разӕй тард ӕрцыдтӕн,
фӕлӕ та ногӕй Дӕ сыгъдӕг Кувӕндон фендзынӕн.
6Дӕттӕ ӕртыхстысты мӕ удыл,
сӕрсӕфӕны февзӕрдтӕн,
денджызы зайӕгойтӕ баныхӕстысты мӕ сӕрыл.
7Хӕхтӕн сӕ бындурмӕ ныххӕццӕ дӕн,
зӕхх мыл йе ’вдузӕнтӕ сӕхгӕдта мыггагмӕ,
фӕлӕ мын Ды, Дунедарӕг, мӕ Хуыцау,
мӕ уд ракӕндзынӕ зындонӕй.
8Мӕ уд куы сфӕлмӕцыд мӕ мидӕг,
уӕд ӕз ӕрхъуыды кодтон Хуыцауы,
ӕмӕ мӕ куывд фехъуысти Дӕумӕ,
Дӕ сыгъдӕг Кувӕндонмӕ.
9Ницӕйаг мӕнг хуыцӕуттӕн кад чи кӕны,
уыдон ӕнӕхай фесты хорзӕхӕй,
сӕ бон райсын кӕй уыди, уымӕй.
10Ӕз та Дын кады зарӕгӕй нывонд ӕрхӕсдзынӕн,
цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн.
Ирвӕзындзинад Дунедарӕгмӕ ис!»
11Уӕд Дунедарӕг кӕсагӕн бардзырд радта, ӕмӕ уый Ионӕйы сурмӕ раппӕрста йӕ дзыхӕй.

Currently Selected:

Ионӕ 2: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in