YouVersion Logo
Search Icon

Ионӕ 1

1
1Дунедарӕг Амиттайы фырт Ионӕйӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2«Цӕугӕ Ниневимӕ, хъуыстгонд стыр сахармӕ, ӕмӕ уым пехуымпариуӕг кӕн, уымӕн ӕмӕ Мӕм сӕ фыдракӕндты кой сыхъуыст». 3Фӕлӕ Ионӕ сфӕнд кодта Таршишмӕ фӕлидзын, цӕмӕй Дунедарӕгӕй бамбӕхса. Ныццыдис Яффойы сахармӕ, Таршишмӕ чи цыд, ахӕм нау ссардта, ӕхца бафыста ӕмӕ наумӕ ныххызти, Дунедарӕгӕй йӕхи айсыны фӕндимӕ.
4Фӕлӕ Дунедарӕг денджызы тыхджын дымгӕ ауагъта, ӕвирхъау уад сыстад, нау гӕбазгай куы ныппырх уа, уымӕй тӕссаг сси. 5Науы кусджытӕн фыр тӕссӕй сӕ уд ауади, алчи дзы йӕхи хуыцаумӕ фӕдисы хъӕр байдыдта, ласинаг сӕм цы уыд, уый донмӕ ӕппӕрстой, нау фӕрогдӕр уа, зӕгъгӕ. Ионӕ та уыцы рӕстӕг науы рӕбыноз бынатмӕ ныххызт, схуыссыд ӕмӕ тарф фынӕй баци. 6Науы хистӕр ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Цы фынӕй кӕныс?! Сыст, дӕ Хуыцаумӕ фӕсид ӕххуысмӕ, кӕд нӕм йе ’ргом раздахид ӕмӕ нӕ фесӕфиккам». 7Уӕд науы кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Цӕй ӕмӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, ацы бӕллӕх кӕй азарӕй ӕййафӕм, уый базонынӕн». Сӕппӕрстой, ӕмӕ Ионӕйы хал схаудта. 8Ӕмӕ йын загътой: «Зӕгъ-ма нын, ацы бӕллӕх ныл кӕй азарӕй ӕрцыдис, цы ми кӕнӕг дӕ, кӕцӕй цӕуыс, цы бӕстон, цы адӕмӕй дӕ?» 9Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн». 10Ӕмӕ адӕмы стыр тас бацыд, Дунедарӕгӕй лидзынвӕнд кӕй скодта, уый сын куы радзырдта, уӕд, ӕмӕ йын загътой: «Уый цы ми бакодтай?!» 11Денджыз та йӕ абухынӕй не ’нцади. Ӕмӕ йӕм дзурынц: «Цы дын бакӕнӕм, цӕмӕй нын денджыз ныссабыр уа, уый тыххӕй?» 12Уӕд сын уый загъта: «Доны мӕ баппарут, ӕмӕ басабыр уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз зонын, ацы ӕвирхъау уад уыл мӕн азарӕй кӕй рацыдис, уый». 13Уыдон сӕ нау былы ’рдӕм сарӕзтой ӕмӕ фыййӕгтӕй тынгдӕр ссонын байдыдтой, зӕхмӕ куы баирвӕзиккам, зӕгъгӕ. Фӕлӕ денджыз йӕ абухын нӕ уагъта, уылӕн сӕ ныхмӕ цавта, ӕмӕ сӕ фӕндӕй ницы рауад. 14Уӕд Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой: «Лӕгъстӕ Дын кӕнӕм, Дунедарӕг, ацы адӕймаджы уды тыххӕй нӕ ма фесаф, ӕнаххос адӕймаджы тугныккалды нӕ азымджын ма фӕкӕн! Ды — Дунедарӕг: Дӕ фӕндон ахӕм уыди».
15Систой Ионӕйы ӕмӕ йӕ денджызмӕ фехстой. Абухгӕ денджыз уыйадыл басабыр. 16Денджызонтыл стыр тас бахӕцыди Дунедарӕджы раз, ӕмӕ нывонд ӕрхастой Дунедарӕгӕн, ард Ын бахордтой.

Currently Selected:

Ионӕ 1: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in