Авадиа 1
1
1Авадиайы цӕстылуайӕн.
Дунедарӕг Хуыцау Едомы тыххӕй зӕгъы, Дунедарӕгӕй фехъуыстам уац, адӕмтӕм рарвыстӕуыд фӕдисоны: «Сыстут, ӕмӕ Едомы ныхмӕ схӕцӕм!»
2— Адӕмты ’хсӕн дӕ Ӕз ницӕйаджы бынатмӕ ’руадздзынӕн, ӕмӕ дыл ӕлгъ кӕндзысты. 3Дӕ къӕйных зӕрдӕ дӕ фӕсайдта, къӕдзӕхты ’хсӕн цӕрыс ӕмӕ дзурыс: «Чи мӕ раппардзӕни зӕхмӕ?» 4Фӕлӕ цӕргӕсау бӕрзонд куы стӕхай ӕмӕ стъалыты астӕу дӕхицӕн ахстон куы сбийай, уӕд дӕ уырдыгӕй дӕр расхойдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
5Давджытӕ кӕнӕ дӕм ӕхсӕвы абырджытӕ фӕзындысты, мыййаг? Гӕныстонмӕ куы ’рцыдтӕ. Сӕнӕфсир тонджытӕ дӕм куы ’рбацыдаиккой, уӕд ма дӕм уыдон дӕр цалдӕр гагайы, ау, нӕ ныууагътаиккой? 6Фӕлӕ Исавы ӕгасӕй дӕр басгӕрстӕуыд, йе ’мбӕхсӕнты йын фӕджигул кодтой!
7Дӕ цӕдисонтӕ дӕ расурдзысты дӕ зӕххы арӕнтӕй, гадзрахатӕй дыл рацӕудзысты; демӕ хӕларӕй чи царди, уыдон дӕ басӕтдзысты. Дӕ къӕбӕр дын чи хӕры, уыдон дӕ чъылдымырдыгӕй ныццӕвдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: «Йӕ сӕрызонд фӕлыгъди бынтондӕр!» 8Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн Едомы куырыхонты, Исавы хохыл — зондджынты. 9Уӕд дӕ сахъгуырдты ӕвирхъау тас бацӕудзӕни, Теман, ӕмӕ Исавы хохы цӕрджытӕ цагъды фӕуыдзысты. 10Де ’фсымӕр Йаковы кӕй ӕфхӕрдтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, сыскъуыйдзынӕ мыггагмӕ. 11Ӕцӕгӕлӕттӕ йын йӕ исбон хӕлӕфӕй куы давтой, йӕ кулдуарӕй куы бахызтысты ӕмӕ Йерусалимыл хӕлттӕ куы ’ппӕрстой, уӕд ӕм ды та фӕрсырдыгӕй кастӕ. Ды дӕр уыдоны хуызӕн уыдтӕ! 12Де ’фсымӕрыл фыдбылыз куы ’рцыд ӕмӕ йе сӕфты бон куы ралӕууыд, уӕд ӕм дӕуӕн райгондӕй кӕсын не ’мбӕлдис. Иудӕйы байзӕддагӕн се сӕфт куы ’рцыд, уӕд ууыл цин кӕнын ӕмӕ, фыдӕвзарӕнты куы бахаудысты, уӕд сыл худын не ’мбӕлди дӕуӕн. 13Мӕ адӕмы ӕнамонды бон сӕ кулдуарӕй бахизын, се сӕфты бон сӕ фыдбылызтӕм кӕсын ӕмӕ дын сӕ исбоныл андзӕвын дӕр не ’мбӕлди. 14Йӕ лидзджыты марыны охыл, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты лӕууын, бӕллӕхы бон дзы чи аирвӕзт, уыдоны се знӕгты къухмӕ дӕттын не ’мбӕлди дӕуӕн. 15Уымӕн ӕмӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы тӕрхоны бон, ӕппӕт адӕмтӕн сӕ Тӕрхоны бон! Ӕмӕ, дӕхӕдӕг куыд кодтай, афтӕ дын бакӕндзысты дӕхицӕн дӕр, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕ.
16Сымах Мӕ уаз хохыл куыд нуӕзтат, афтӕ ’ппӕт адӕмтӕ дӕр масты кӕхц нуаздзысты, фырнызтӕй ныррасыг уыдзысты, ӕмӕ зӕххыл сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн. 17Фӕлӕ Сионы хохыл бирӕтӕ фервӕздзысты, ӕмӕ суыдзӕнис уаз бынат, Йаковы хӕдзар райсдзӕни йӕ исбон. 18Йаковы байзӕддаг фестдзӕнис арт, Йосефы байзӕддаг — арты ’взӕгтӕ, Исавы байзӕддаг та — хъӕмп. Арт ыл бандзардзысты ӕмӕ йӕ фесафдзысты, Исавы байзӕддагӕй ничиуал баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ афтӕ Дунедарӕг загъта. 19Хуссарварс чи цӕры, уыдон бацахсдзысты Исавы хох, дӕлвӕзы цӕрджытӕ — филистимӕгты зӕхх, Ефрем ӕмӕ Самарийы быдыртӕ. Бениамин та бацахсдзӕнис Галаад. 20Ӕмӕ Израилы хӕстонтӕй уымӕй размӕ сӕ зӕххӕй хаст чи ’рцыди, уыдон Ханааны зӕхх Сарептӕйы онг бацахсдзысты. Йерусалимӕй кӕй ракодтой ӕмӕ ныр Сефарады чи цӕры, уыдон та райсдзысты хуссайраг сахартӕ. 21Сионы хохмӕ ’рбацӕудзысты ирвӕзынгӕнджытӕ — Исавы хохӕн тӕрхон кӕнынмӕ, ӕмӕ ралӕудзӕнис Дунедарӕджы паддзахад.
Currently Selected:
Авадиа 1: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: