Аввакум 3
3
1Пехуымпар Аввакумы куывд-хъарӕг.
2О Дунедарӕг! Дӕ кады кой Дын фехъуыстон,
Дӕ хъуыддӕгтӕ мӕ тасы бафтауынц.
Дунедарӕг! Нӕ заманы сӕ ногӕй равдис!
О, мӕстӕй судзгӕйӕ, Дӕ хорзӕх дӕр ӕрымыс!
3Теманӕй ӕрбацӕуы Хуыцау,
Уаз Хуыцау фӕзынд Параны хохӕй.
Йе стырад ӕрӕмбӕрзта уӕлӕрвтӕ,
байдзаг ис Йӕ кадӕй зӕхх.
4Тӕмӕнтӕ калы хурау,
Йӕ къухтӕй рухс тынтӕ фӕйнӕрдӕм ивылынц,
сӕ мидӕг ӕмбӕхст у Йӕ хъомыс.
5Йӕ разӕй рын цӕуы, Йӕ фӕдыл — емынӕ;
6сыстади, нынкъуысын кодта зӕхх.
Йӕ цӕстӕнгасӕй адӕмтыл ризӕг бахӕцыд;
ныппырх сты ӕнусон къӕдзӕхтӕ,
рагон къуылдымтӕ зӕххимӕ сиу сты;
Йӕ фӕндӕгтӕ — ӕнусон.
7Ӕрӕнкъард сты Кушаны цӕрджыты цатыртӕ,
ныррызтызты мидианӕгты хӕдзӕрттӕ.
8О Дунедарӕг! Ау, Дӕ маст цӕугӕдӕттӕм ссыгъди?
Ӕви Дын денджызмӕ рафыхти?
Дугъы куы уайыс Дӕ бӕхтыл,
уӕлахизгӕнӕг тохуӕрдӕттыл!
9Ды айвӕзтай Де ’рдын,
йӕ фатдон ын байдзаг кодтай фаттӕй.
Ныскъуыдтӕ кодтай дӕттӕй зӕхх,
10ныррызтызты Дӕ уындӕй хӕхтӕ.
Тыгъдызӕй ныккалдта уӕларвӕй,
фурды ӕнӕбын арф ныббогъ кодта,
йӕ уылӕнтӕ систа хӕрдмӕ.
11Де ’рттиваг тӕхгӕ фатты,
Де ’рцыты — цӕхӕркалгӕ арвӕрттывдты раз,
хур ӕмӕ мӕй бандзыг сты уӕлӕрвты.
12Фыр мӕстӕй бассӕстай зӕхх.
Дӕ маст ссыггъд — Дӕ къӕхты бын ныккодтай адӕмты!
13Ды рацыдтӕ Дӕ адӕмы,
Дӕ байсӕрст паддзахы фервӕзын кӕнынмӕ.
Фыдгӕнджытӕн сӕ балхоны ныммардтай,
йӕ хӕдзар ын йӕ бындуры онг ныппырх кодтай.
14Зилгӕ уадау ӕрбабырстой йӕ хӕстонтӕ,
цӕмӕй нӕ фесафой!
Ӕнаххосы ӕвиппайды ныхъуырын
уыди сӕ зӕрды —
сӕ балхоны сын Ды
йӕхи арцӕй ныррӕхуыстай!
15Дӕ бӕхтыл айгӕрстай Ды денджызы фӕндаг,
йӕ уылӕнтӕ йын сызмӕстай.
16Куы фехъуыстон ӕз ацы уац —
мӕ зӕрдӕ барызти.
Дӕ хъӕлӕсӕй ныззыр-зыр кодтой былтӕ,
рыст ме стджыты дӕр ахызти.
Мӕ къӕхты бын ӕз нал ӕмбӕрстон зӕхх,
фӕлӕ фӕразонӕй кӕсдзынӕн ӕз ӕнхъӕлмӕ
не знӕгты фыдбылызмӕ.
17Легъуи бӕлас дидинӕг куынӕ ракала,
сӕнӕфсиры талайыл дыргъ куынӕуал фӕзына,
куы ницы ’рзайа оливӕ бӕлӕстыл,
хуымтӕ дӕр тыллӕг куынӕ раттой,
фосдоны куынӕуал баззайа фыс, скъӕты — стурвос,
18уӕд дӕр ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл,
мӕ зӕрдӕ райдзӕнис Хуыцауӕй, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгӕй.
19Дунедарӕг Хуыцау — мӕ хъару!
Мӕ къӕхтӕ мын саджы хуызӕн сфидар кӕндзӕн,
ахондзӕн мӕ нӕ хӕхты бӕрзӕндтӕм! [Зарджыты къорды разамонӕгӕн: хъисфӕндырты цагъдимӕ.]
Currently Selected:
Аввакум 3: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.