YouVersion Logo
Search Icon

Софониа 1

1
1Ацы чиныджы фыст ӕрцыди Софониайы рагуац Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Куши, Гедалиа, Амариа, Езекиа. Дунедарӕг ын ацы рагуац фехъусын кодта, Амоны фырт Иосиа Иудейы паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман.
2Зӕххы цъарӕй фесафдзынӕн ӕппӕт дӕр, — зӕгъы Дунедарӕг, — 3адӕм ӕмӕ фосы мыггаг сыскъуыйын кӕндзынӕн, уӕларвон мӕргъты ӕмӕ денджызы кӕсӕгты ныццӕгъддзынӕн, ӕнӕхуыцӕутты афӕлдахдзынӕн зӕххыл, адӕймагӕн зӕххыл йӕ кой дӕр нал ныууадздзынӕн. 4Иудей ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕм дӕр Ӕз Мӕ къух сисдзынӕн, Баалӕй сӕм цыдӕриддӕр баззад, уыдон иууылдӕр фесафдзынӕн, суанг йӕ дӕсныфӕрсджытӕ ӕмӕ йӕ сауджынты нӕмттӕ дӕр:
5Уӕлхӕдзӕрттыл стъалытӕм чи кувы, стӕй Дунедарӕгмӕ дӕр ӕмӕ Милкоммӕ дӕр чи кувы, сӕ дыууӕйӕ дӕр сомы чи кӕны, 6стӕй, Дунедарӕгмӕ йӕ чъылдым чи раздӕхта, чи Йӕ нӕ агуры ӕмӕ Йӕ чи нӕ фӕрсы, уыдоны.
7Ныхъхъус ут Дунедарӕг Хуыцауы раз! Дунедарӕгӕн Йӕ Тӕрхоны Бон ӕрӕввахс. Йӕ нывонд дӕр ӕрцӕттӕ кодта, ныридӕгӕн фӕхуыдта уазджыты.
8Дунедарӕджы нывондхӕссӕн бон куы ралӕууа, уӕд Ӕз уӕздӕтты ӕмӕ паддзахы фыртты, стӕй, ӕцӕгӕлӕтты дарӕс кӕуылдӕриддӕр ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр бафхӕрдзынӕн. 9Уыцы бон муртаттӕгты ӕгъдаумӕ гӕсгӕ къӕсӕрыл андзӕвын дӕр чи нӕ уӕнды ӕмӕ йӕ сӕрты чи гӕпп кӕны, Дунедарӕджы хӕдзар тыхми ӕмӕ мӕнгдзинадӕй чи байдзаг кодта, уыдон иууылдӕр бавзардзысты Мӕ азар. 10Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Кӕфты кулдуарӕй райхъуысдзӕн хъарӕг, Мишнейӕ — дзыназын, къуылдымтӕй — ӕбуалгъ гыбар-гыбур.
11Кӕут, Махтешы цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ сӕудӕджертӕ ӕмӕ уӕйгӕнджытӕ иууылдӕр бындзагъд фӕуыдзысты! 12Уыцы бон Ӕз Йерусалимыл цырагъимӕ ӕрзилдзынӕн ӕмӕ бафхӕрдзынӕн, йе ’нхъизӕныл цы сӕн ныббадти, уыйау цы адӕмтӕ бандзыг сты, уыдоны, сӕ мидзӕрдӕйы афтӕ чи зӕгъы: «Дунедарӕг нын хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы ракӕндзӕн». 13Сӕ исбон хӕлӕттаг фӕуыдзӕн, сӕ хӕдзӕрттӕ заууатмӕ ӕрцӕудзысты. Сӕхицӕн хӕдзӕрттӕ сараздзысты, фӕлӕ сӕ нӕ цӕрдзысты, сӕндӕттӕ скӕндзысты, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзысты.
14Дунедарӕджы Тӕрхоны Бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты! 15Уый уыдзӕни карз тӕрхоны, удхар ӕмӕ хъизӕмары, гӕныстон ӕмӕ сӕфты, саудалынг ӕмӕ тары, асӕст ӕмӕ тымыгъы бон. 16Уыцы бон сыкъауадындзтӕ ныууасдзысты, тохмӕ сидӕг хъӕртӕ райхъуысдзысты бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ ӕмӕ бӕрзонд фидӕртты ныхмӕ. 17Ӕз адӕмыл ахӕм ӕвирхъау тас бафтаудзынӕн, ӕмӕ куырмытау рафт-бафт кӕндзысты, Дунедарӕджы раз тӕригъӕдджын кӕй фесты, уый аххосӕй. Сӕ туг алы ран зӕххы рыгау ныппырх уыдзӕн, сӕ буӕрттӕ фаджысау зӕххыл лӕзӕрдзысты. 18Дунедарӕгӕн Йӕ азары бон куы ралӕууа, уӕд сӕ нӕдӕр се ’взист, нӕдӕр сӕ сыгъзӕрин фервӕзын кӕндзысты. Дунедарӕджы зӕрдӕхсайды арт аныхъуырдзӕн ӕгас зӕхх, уымӕн ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрджыты ӕвиппайды бынсӕфт фӕкӕндзӕн.

Currently Selected:

Софониа 1: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in