Аввакум 2
2
1Гӕнахы сӕрыл хъарагъул лӕууын ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын, Дунедарӕг мын цы зӕгъдзӕни, мӕ хъастӕн мын цы дзуапп ратдзӕни, уымӕ. 2Ӕмӕ мын Дунедарӕг загъта: «Цы дын раргом кӕнон, уый-иу къӕйдуртыл дзӕбӕх ныффысс, чи йӕ кӕса, уый йӕ ӕнцонӕй куы равзара, афтӕ. 3Ацы цӕстылуайӕн баст у фидӕнимӕ, фӕстаг заманимӕ, ӕнӕрцӕугӕ йын нӕй. Уайтагъд куы не ’рцӕуа, уӕддӕр ӕм ӕнхъӕлмӕ кӕс, уымӕн ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн бӕлвырд».
4Ӕнӕхуыцауы зӕрдӕ къӕйныхдзинадӕй — йемыдзаг, рӕстгӕнӕг та йӕ уырнындзинады фӕрцы цӕрдзӕни. 5Хъӕздыгдзинадыл нӕй зӕрдӕ дарӕн, кӕрӕф адӕймаг ӕнцой нӕ зоны; мӕрдты бӕстау ныххӕлиу кӕны йӕ ком, бафсис ын нӕй мӕлӕтау. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты бакӕны йӕ дӕлбар. 6Фӕлӕ йыл уыдон сӕхи худӕгӕй хӕсдзысты ӕмӕ, хынджылӕггӕнгӕ, дзурдзысты: «Додой йӕ къона, искӕй фӕллӕйттӕ чи ссивы, тыхтонайы фӕрцы йӕ исбоныл чи ӕфтауы, уымӕн! Бирӕ ма дын бантысдзӕн?!»
7Хӕсджын кӕмӕй дӕ, уыдон искӕд бон ӕвиппайды дӕ ныхмӕ сыстдзысты, райхъал уыдзысты ӕмӕ дӕ стыр тасы бафтаудзысты, сӕ амӕттаг бауыдзынӕ. 8Бирӕ адӕмты бастыгътай, ӕмӕ дын дӕхи дӕр иннӕ адӕмтӕ афтӕ бастигъдзысты, адӕмы туг кӕй фӕкалдтай, бӕстӕтӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты хӕлӕттаг кӕй фӕкодтай, уый тыххӕй.
9Додой йӕ къона, галиу миты фӕрцы йӕ хӕдзары исбоныл чи ӕфтауы, цӕмӕй фыдбылызӕй фервӕза, уый тыххӕй йӕ ахстон бӕрзонд чи саразы, уымӕн! 10Бирӕ адӕмты сафгӕйӕ, фӕхудинаг кодтай дӕ хӕдзар, ӕмӕ дӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕлӕты тӕрхон. 11Дуртӕ систы хуылфӕй ныхъхъӕр кӕндзысты, бафӕзмдзысты сӕ хъӕдын хъайвантӕ: 12«Додой йӕ къона, йӕ сахар туг ӕмӕ фыдмитыл чи аразы, уымӕн!»
13Уӕларвӕфсады Бардарӕг рагацау снысан кодта: адӕмты фӕллӕйттӕ арты басудздзысты, сӕ хъиамӕт ӕнӕпайда фӕуыдзӕн. 14Денджыз донӕй йемыдзаг куыд у, афтӕ зӕхх дӕр, Дунедарӕг цӕйбӕрц кадджын у, уыцы зонынадӕй байдзаг уыдзӕн.
15Додой дӕ къона, йӕ хионӕн Дунедарӕджы масты кӕхцӕй чи нуазын кӕны, цалынмӕ дзы срасыг уа, уӕдмӕ, цӕмӕй йын уый фӕстӕ йӕ худинаг фена! 16Уымӕй дӕхи не скадджын кӕндзынӕ, — фегад уыдзынӕ!
Уӕдӕ ныр дӕхӕдӕг дӕр бануаз ӕмӕ дзой-дзой кӕн! Дунедарӕджы рахиз къухы цы кӕхц ис, уый дӕумӕ дӕр бахӕццӕ уыдзӕн, ӕмӕ худинаджы бын фӕуыдзынӕ! 17Ливаны цы фыдмитӕ фӕкодтай, уыдоны тыххӕй ӕфхӕрд баййафдзынӕ, фыр тӕссӕй дыл ризӕг бахӕцдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕгъатырӕй цӕрӕгойты ныццагътай, ныккалдтай адӕмы туг, ӕнӕхъӕн бӕстӕ, сахартӕ ӕмӕ сын се ’ппӕт цӕрджыты ныххӕлӕттаг кодтай.
18Цы пайда ис, ӕрмдӕсны кӕй сарӕзта, уыцы хуыцаугондӕй, ӕрмӕст мӕнгдзинадыл чи ахуыр кӕны, уыцы джиппыуагъд гуымирыйӕ? Ӕрмдӕсны ӕууӕнды йӕхи къухӕй конд дзаумайыл, афтӕмӕй уый та ӕгомыг гуымирыйӕ уӕлдай ницы у.
19Додой йӕ къона, суджы лыггагмӕ, райгас у, зӕгъгӕ, чи сиды, ӕгомыг дурӕн, сыст, зӕгъгӕ, чи дзуры! Ау, уыдон ӕй истӕуыл сахуыр кӕндзысты? Кӕд сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзистӕй конд сты, уӕддӕр сӕ мидӕг уд нӕй. 20Дунедарӕг та цӕры Йӕ уаз Кувӕндоны. Ӕгас зӕхх Йӕ разы ныхъхъус уӕд!
Currently Selected:
Аввакум 2: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.