Гедеон йӕ хӕстонты суадоны былмӕ акодта, ӕмӕ Дунедарӕг загъта: «Дон нуазынмӕ зӕххыл чи адӕлгом уа ӕмӕ дон куыдзау йе ’взагӕй чи сдӕра, уыдоны-иу слӕууын кӕн иуӕрдыгӕй, йӕ уӕрджытыл лӕугӕйӕ, дон къухӕй чи нуаза, уыдоны та — иннӕрдыгӕй». Ӕртӕсӕдӕ лӕджы дон сдӕрдтой се ’взагӕй, иннӕтӕ иууылдӕр сӕ уӕрджытыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ дон къухӕй нуӕзтой.