1
Марк 5:34
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».
Спореди
Истражи Марк 5:34
2
Марк 5:25-26
Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы йӕ туг цӕуынӕй не ’нцади. Бирӕ дохтыртӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый бахардз кодта, фӕлӕ, фыддӕр уавӕрмӕ цы ӕрцыд, уый йеддӕмӕ йын ӕххуыс ницы фесты.
Истражи Марк 5:25-26
3
Марк 5:29
Туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад, ӕмӕ сылгоймаг банкъардта, йӕ низӕй кӕй фервӕзти, уый.
Истражи Марк 5:29
4
Марк 5:41
Йӕ къухыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст».
Истражи Марк 5:41
5
Марк 5:35-36
Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ ӕрбацыдысты йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы ма цы фӕлмӕцын кӕныс?» Фӕлӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд».
Истражи Марк 5:35-36
6
Марк 5:8-9
Афтӕ та уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, ныууадз ацы лӕджы». Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном — легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм».
Истражи Марк 5:8-9
Дома
Библија
Планови
Видеа