1
Райдиан 37:5
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Иуахӕмы Йосеф федта фын ӕмӕ йӕ радзырдта йе ’фсымӕртӕн.
Palyginti
Naršyti Райдиан 37:5
2
Райдиан 37:3
Йосеф Израилӕн йӕ зӕры бонты райгуырд, ӕмӕ йӕ, иннӕ фырттӕй уӕлдай, хъулон уарзт кодта. Уымӕ гӕсгӕ йын балӕвар кодта даргъ нывӕфтыд хӕдон.
Naršyti Райдиан 37:3
3
Райдиан 37:4
Ӕфсымӕртӕ уыдтой, сӕ фыд йӕ цотӕй уымӕй фылдӕр кӕй никӕй уарзы, уый, ӕмӕ сын Йосеф ӕнӕуынон фестади, рӕстмӕ йӕм дзургӕ дӕр нал кодтой.
Naršyti Райдиан 37:4
4
Райдиан 37:9
Йосеф ма федта иу фын ӕмӕ та уый дӕр йе ’фсымӕртӕн радзырдта: «Федтон ма ноджы иу фын: цыма мын ӕркуывтой хур, мӕй ӕмӕ иуӕндӕс стъалыйы».
Naršyti Райдиан 37:9
5
Райдиан 37:11
Ӕфсымӕртӕн сӕ маст рафыхт Йосефмӕ, фӕлӕ фыд ацы хабӕрттӕ йӕ зӕрдыл бадардта.
Naršyti Райдиан 37:11
6
Райдиан 37:6-7
Загъта сын: «Ӕрбайхъусут-ма, цы фын федтон, уымӕ! Цыма хуымы астӕу бастам куыристӕ, ӕмӕ мӕ куырис уырдыг слӕууыди, сымах куыристӕ та йӕ алыварс ӕрлӕууыдысты ӕмӕ йын ӕркуывтой».
Naršyti Райдиан 37:6-7
7
Райдиан 37:20
Цӕй ӕмӕ йӕ амарӕм ӕмӕ йӕ донуӕттӕй иуы ныппарӕм. Стӕй зӕгъдзыстӕм, тугдзых сырд ӕй бахордта, зӕгъгӕ. Гъеуӕд фендзыстӕм, йӕ фынтӕ цӕмӕ рацыдысты, уый».
Naršyti Райдиан 37:20
8
Райдиан 37:28
ӕмӕ сӕм мидианаг сӕудӕджертӕ куы ӕрбаввахс сты, уӕд Йосефы донуатӕй систой ӕмӕ йӕ ӕвзисты ссӕдз шекелыл измаелӕгтӕн ауӕй кодтой, уыдон та йӕ аластой Мысырмӕ.
Naršyti Райдиан 37:28
9
Райдиан 37:19
Кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уартӕ ӕрбацӕуы нӕ фынтӕуынӕг.
Naršyti Райдиан 37:19
10
Райдиан 37:18
Уыдон ӕй дардмӕ суыдтой ӕмӕ сӕм цалынмӕ хӕццӕ кодта, уӕдмӕ йӕ марынвӕнд скодтой.
Naršyti Райдиан 37:18
11
Райдиан 37:22
Ноджы ма сын загъта: «Туг ныккалынӕй уӕхи бахизут. Фӕлтау ӕй, уартӕ ӕдзӕрӕг ран цы донуат ис, уым ныппарут». Ныр ӕцӕгӕй та Рувим йӕ зӕрдӕ дардта, ӕфсымӕртӕй йӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ йӕ уыдоны сусӕгӕй сӕ фыдмӕ кӕй арвитдзӕн, ууыл.
Naršyti Райдиан 37:22
Pradžia
Biblija
Planai
Vaizdo įrašai