1
Райдиан 45:5
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Фӕлӕ ма хъынцъым кӕнут, ардӕм мӕ кӕй ауӕй кодтат, уый фӕдыл ныр уӕхи ма хӕрут. Уымӕн ӕмӕ мӕн уӕ цурӕй ардӕм Хуыцау рарвыста сымахӕн уӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй.
比較
Райдиан 45:5で検索
2
Райдиан 45:8
Уӕдӕ мӕ ардӕм сымах нӕ рарвыстат, фӕлӕ мӕ Хуыцау рарвыста ӕмӕ мӕ фараонӕн скодта уынаффӕйы лӕг, мӕ цагъар мын бакодта уымӕн йӕ галуан ӕмӕ ӕгас Мысыры бӕстӕ.
Райдиан 45:8で検索
3
Райдиан 45:7
Фӕлӕ мӕ Хуыцау уӕ цурӕй арвыста, цӕмӕй уын уӕ мыггаг ныууадза зӕххыл, цӕмӕй диссаджы ирвӕзт акӕнат.
Райдиан 45:7で検索
4
Райдиан 45:4
Йосеф та сӕм дзуры: «Хӕстӕг мӕм ӕрбацӕут!» Куы йӕм бацыдысты, уӕд сын афтӕ: «Ӕз Йосеф дӕн, уе ’фсымӕр, Мысырмӕ кӕй ауӕй кодтат, уый.
Райдиан 45:4で検索
5
Райдиан 45:6
Зӕххыл стонг заман куы скодта, уӕдӕй дыууӕ азы рацыд, ӕмӕ ма ноджыдӕр фондз азы дӕргъы нӕдӕр хуым кӕндзысты, нӕдӕр хуым кӕрддзысты.
Райдиан 45:6で検索
6
Райдиан 45:3
Йосеф йе ’фсымӕртӕн загъта: «Ӕз Йосеф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у ӕви нӕ?» Ӕфсымӕртӕ фӕуыргъуыйау сты ӕмӕ йын не сфӕрӕзтой дзуапп раттын.
Райдиан 45:3で検索
ホーム
聖書
読書プラン
ビデオ