YouVersion Logo
Search Icon

Михей 6

6
1Байхъусут, Дунедарӕг цы зӕгъы, уымӕ: «Сыст, дӕ хъаст хӕхты размӕ рахӕсс, уадз, ӕмӕ дын къуыбыртӕ дӕ хъӕлӕс фехъусой!
2Байхъусут, хӕхтӕ, Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, хъусгӕ кӕнут сымах дӕр, зӕххы фидар бындуртӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг Йӕ адӕмӕн тӕрхон кӕны, азымджын кӕны Израилы.
3Мӕ адӕм, цы уын кодтон? Цавӕр маст уӕ бауагътон? Дзуапп Мын раттут.
4Ӕз уӕ ракодтон Мысырӕй, цагъайрӕгтӕ цы зӕххыл уыдыстут, уым уын бафыстон уӕ ахӕстаргъ, уӕ разӕй уын арвыстон Моисей, Аарон ӕмӕ Мариамы.
5Мӕ адӕм! Ӕрхъуыды-ма кӕнут, Моавы паддзах Балак цы сфӕнд кодта ӕмӕ йын Беоры фырт Балаам цавӕр дзуапп радта, уый, стӕй уыл Ситтимӕй Гилгалы онг цытӕ ӕрцыдис, уыдӕттӕ, — уӕд бамбардзыстут, Дунедарӕг уын цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уый».
6Цӕимӕ ӕрлӕууон Дунедарӕджы раз, уӕларвы Хуыцаумӕ цӕимӕ бакувон? Йӕ цурмӕ иууылсудзинаг нывӕндтимӕ кӕнӕ афӕдздзыд родтимӕ бацӕуон? 7Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕрдӕ мингай фыстӕй кӕнӕ оливӕйы сойы цӕугӕдӕттӕй чи балхӕндзӕн? Мӕ фыдракӕнд ныббарыны охыл мӕ фыццаг зӕнӕджы тӕригъӕды нывондӕн ӕрхӕссон, мыййаг?
8О адӕймаг! Хорздзинад цы у ӕмӕ дӕ Дунедарӕг цы домы, уый дын загъдӕуыди: рӕстдзинады фӕдыл цу, адӕмӕн хорздзинад ӕвгъау ма кӕн, сӕрныллӕгӕй цӕр дӕ Хуыцауы раз.
9Дунедарӕджы хъӕлӕс сиды сахармӕ (куырыхон зонды нысан — тас Дӕ номы раз): хъусут лӕдзӕгмӕ#6:9 Ацы бынаты мидис дзуттаг тексты у зынӕмбарӕн., стӕй, Чи йӕ сӕвӕрдта, Уымӕ.
10Хӕрам миты фӕрцы цы хӕдзӕрттӕ ӕмӕ цы хӕзнатӕ фӕзынди, стӕй, сайгӕ цы ’лгъаг барӕнтӕ кӕнынц, уыдонмӕ, ау, афтӕ кӕсдзынӕн? 11Сайаг тӕрӕзтӕ ӕмӕ фӕливӕг уӕзбарӕнтӕ Ӕз куыд хъуамӕ банымайон растыл? 12Ацы сахары хъӕздгуытӕ сӕ фыдмитӕй кӕй нал ӕфсӕдынц, йӕ цӕрджытӕ мӕнгард кӕй сты ӕмӕ сӕ раст ныхас кӕй нал хъуысы, 13уый тыххӕй сӕ Ӕз ныззыгуым кӕндзынӕн, гӕныстонмӕ сӕ ӕркӕндзынӕн сӕ тӕригъӕдты аххосӕй. 14Хӕрдзынӕ, фӕлӕ не ’фсӕддзысты, сӕ хӕринаг сын нал тайдзӕни. Фӕстауӕрцӕн цы бавӕрай, уыдон дӕ бон бахъахъхъӕнын не суыдзӕн, цы ма дӕм аззайа, уыдон карды амӕттаг бакӕндзынӕн. 15Таугӕ цы бакӕнай, уый не ’ркӕрддзынӕ; сойы гагатӕ балӕмардзынӕ, фӕлӕ дӕхи сойӕ нӕ байсӕрддзынӕ, сӕнӕфсиртӕ бассӕнддзынӕ, фӕлӕ сӕн нӕ нуаздзынӕ.
16Ды ӕххӕст кодтай Амрийы ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ фӕзмыдтай Ахавы фӕдонты хъуыддӕгтӕ, уыдоны уынаффӕтӕм гӕсгӕ цӕрыс. Уымӕ гӕсгӕ дӕ Ӕз ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, дӕ цӕрджыты дын сӕгад кӕндзынӕн, адӕмтӕн хынджылӕггаг суыдзыстут.

Currently Selected:

Михей 6: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in