Михей 5
5
1Ныр дӕхи хӕстмӕ ӕрцӕттӕ кӕн, ӕфсады чызг! Нӕ алыварс ӕрхъула кодтой знӕгтӕ, Израилы хицауиуӕг чи кӕны, уымӕн йӕ рустӕ лӕдзӕгӕй цӕвдзысты.
2Ды та, Вифлеем-Ефрафӕ, кӕд Иудӕйы хӕдзарвӕндӕгтӕн сӕ къаддӕр дӕ, уӕддӕр Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ дӕуӕй рацӕудзӕн Израилы Бардарӕг, незаманты, ӕнусты размӕ Чи равзӕрдис, Уый. 3Уымӕ гӕсгӕ сӕ ныууадздзӕнис рӕстӕгмӕ, цалынмӕ, ӕнхъӕлцау Чи у, уый ныййара, уӕдмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ, израилӕгты ’фсымӕртӕй ма чи аирвӕза, уыдон сӕм фӕстӕмӕ раздӕхдзысты. 4Уый фӕзындзӕн ӕмӕ сӕ хиздзӕн Дунедарӕджы хъаруйӕ, Йӕ Дунедарӕг Хуыцауы хъомысджын номимӕ. Ӕмӕ цӕрдзысты ӕдасӕй, уымӕн ӕмӕ уыцы заман зӕххы кӕрӕттӕм аххӕсдзӕни Йӕ хъомыс. 5Уый ӕрхӕсдзӕн сабырдзинад. Кӕд ассириӕгтӕ нӕ зӕхмӕ ’рбабырсой ӕмӕ нын нӕ сахартӕ ссӕндой, уӕд сын сӕ ныхмӕ авд фыййауы ӕмӕ аст ӕлдары ӕрлӕууын кӕндзыстӕм. 6Уыдон Ассири ӕмӕ Нимроды зӕххытӕ кӕрдтӕй басӕтдзысты, ӕмӕ нӕ Уый фервӕзын кӕндзӕн Ассирийӕ. 7Йаковы байзӕддӕгтӕ ӕнӕнымӕц адӕмты ’хсӕн суыдзысты Дунедарӕджы ӕртӕхау, кӕрдӕгыл цы тӕрккъӕвда рауары, уый ӕнгӕс. Сӕ цард адӕймагӕй аразгӕ нал уыдзӕн, ӕмӕ Адамы цотыл сӕ зӕрдӕ нал дардзысты. 8Йаковы байзӕддӕгтӕй чи аирвӕза, уыдон ӕнӕнымӕц адӕмтӕ ӕмӕ знӕмты астӕу уыдзысты, домбай хъӕды сырдты, лӕппын домбай фысты рӕгъауы ’хсӕн куыд вӕййы, афтӕ: куы сӕм бабырсы, уӕд сӕ ныссӕнды ӕмӕ сӕ аскъуыдтӕ кӕны.
9Дӕ къух де знӕгты ныхмӕ ист ӕрцӕуӕд, фесӕфӕнт дӕ фыдгултӕ! 10Уыцы бон дын, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз ныццӕгъддзынӕн дӕ бӕхты, ныппырх дын кӕндзынӕн дӕ бӕхуӕрдӕттӕ; 11дӕ зӕххы сахартӕ ӕмӕ дӕ фидӕрттӕ дын ныддӕрӕн кӕндзынӕн; 12дӕ къухтӕй дын стондзынӕн дӕ хинтӕ, ӕмӕ де ’хсӕн кӕлӕнгӕнджытӕ нал баззайдзӕн. 13Дӕ гуымирытӕ ӕмӕ дӕ табуйаг дуртӕ дын фесафдзынӕн; дӕхи къухӕй кӕй аразыс, уыдӕттӕм нал кувдзынӕ. 14Ашерӕйы цӕджындзтӕ сӕ рӕбынӕй акалдзынӕн, дӕ сахартӕ дын зӕххимӕ сиу кӕндзынӕн. 15Мӕнмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕмтӕй Ӕз Мӕ маст райсдзынӕн.
Currently Selected:
Михей 5: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: