Михей 3
3
1Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах хъуамӕ, рӕстдзинад цы у, уый ма зонат? 2Фӕлӕ уын хорздзинад ӕнӕуынон у, ӕвзӕрдзинӕдтӕ уарзут. Сӕ царм бастыгътат адӕмӕн, се стджытӕ сын разынын кодтат! 3Мӕ адӕмы фыдтӕ Мын хӕрут, сӕ царм сын стигъут, се стджытӕ сын ныммур кӕнут; дзидза аджы сфыцынӕн, цӕджджинаджы ныккалынӕн куыд скӕрдынц, уыйау сӕ ныкъкъуыхтӕ кӕнут. 4Дунедарӕгмӕ дзыназдзысты, фӕлӕ сӕ Уый нӕ фехъусдзӕн, уыцы заман сӕ Йӕ цӕсгом бамбӕхсдзӕн сӕ фыдракӕндты аххосӕй.
5Дунедарӕг пехуымпарты тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Мӕ адӕмы Мын рӕдийын кӕнынц, сабыр цардӕй сын зӕрдӕтӕ ӕвӕрынц, фӕлӕ сын сӕ гуыбынтӕ чи не ’фсады, уыдоны ныхмӕ расидынц хӕст. 6Уый тыххӕй сӕм цӕстылуайӕнты бӕсты ӕнхъӕлмӕ кӕсы тар ӕхсӕв, рагуацты бӕсты — саудалынг. Хур сыл баталынг уыдзӕн, боны рухс нал фендзысты. 7Пехуымпартӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзысты, дӕсныфӕрсджытӕ фӕхудинаг уыдысты, сӕ цӕсгӕмттӕ ӕрӕмбӕрздзысты, уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг дзуапп нал ратдзӕн». 8Ӕз та дзаг дӕн Дунедарӕджы Уды хъаруйӕ, рӕстдзинад ӕмӕ ӕхсарӕй, цӕмӕй Йаковӕн, йӕ азым цӕй мидӕг ис, уый зӕгъон ӕмӕ Израилӕн бамбарын кӕнон йӕ тӕригъӕд.
9Байхъусут, Йаковы ӕлдӕрттӕ, Израилы хӕдзары фӕтӕгтӕ! Сымах ӕлгъ кӕнут раст тӕрхоныл, растӕй цы ис, уый ныггалиутӕ кӕнут. 10Сион самадтат туджы фӕрцы, Йерусалим — ӕнӕхуыцау миты руаджы! 11Йе ’лдӕрттӕ тӕрхон кӕнынц гӕртӕмттыл, сауджынтӕ зонд амонынц фиддоныл, пехуымпартӕ сӕ рагуацтӕ уӕй кӕнынц ӕхцайыл, афтӕмӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Дунедарӕджы ӕххуысмӕ ӕмӕ дзурынц: «Ау, Дунедарӕг не ’хсӕн нӕй? Фыдбылыз ныл не ’рцӕудзӕн». 12Сымах тыххӕй Сион быдырау бахуым кӕндзысты, Йерусалим дуррӕдзӕгъдтӕ фестдзӕни, Кувӕндон цы хохыл лӕууы, уый та бӕлӕсты бын фӕуыдзӕни.
Currently Selected:
Михей 3: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.