YouVersion Logo
Search Icon

Михей 2

2
1Додойаг сты, фыдвӕндтӕ чи кӕны, хуыссӕны дӕр фыдбылызтӕ чи мысы ӕмӕ, боныцъӕхтӕ нӕма ралӕууынц, афтӕмӕй сӕ хъаруйы фӕрцы фыдракӕндтӕ чи аразы, уыдон! 2Быдыр сӕ бахъӕуа — бацахсынц ӕй, хӕдзармӕ бабӕллой — байсынц ӕй; нӕ ауӕрдынц нӕдӕр лӕгыл, нӕдӕр йӕ бинонтыл, байсынц ын йӕ исбон. 3Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз сфӕнд кодтон ацы адӕмыл, сӕ бӕрзӕйӕ кӕй нӕ сисдзысты, ахӕм бӕллӕх ӕруадзын, ӕмӕ сӕ бон раст цӕуын дӕр нал суыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ралӕудзӕни бӕллӕхы заман. 4Уыцы бон адӕмӕн хынджылӕггаг суыдзыстут, додой кӕндзыстут ӕмӕ дзурдзыстут: «Ныххӕлӕттаг нӕ кодтой! Мӕ адӕмы исбон мын уӕй кӕнынц! О, додой! Исынц мын мӕ исбон! Уацары нӕ чи райста, уыдонӕн нын байуӕрстой нӕ быдыртӕ!» 5Уымӕ гӕсгӕ дын дӕ зӕхх адих кӕнынӕн Дунедарӕджы ӕмбырды хӕлттӕ сӕппарӕг нӕ уыдзӕн.
6Афтӕмӕй та уыдон пехуымпартӕн дзырдтой: «Рагуацтӕ мауал хъусын кӕнут, мах нӕ фӕхудинаг уыдзыстӕм!»
7Йаковы байзӕддӕгтӕ! Ау, Дунедарӕг быхсаг нал у? Ау, ахӕм сты Йӕ хъуыддӕгтӕ? Раст адӕймагӕн Мӕ ныхӕстӕ сты фарны хос.
8Мӕ адӕм знӕгты хуызӕн систы. Сабыр фӕндаггонтӕн, хӕрамдзинадӕй йӕхи чи хизы, уыдонӕн сӕ уӕлӕфтаутӕ ӕмӕ сӕ пӕлӕзтӕ байсут. 9Мӕ адӕмы сылгоймӕгты Мын сӕ уарзон хӕдзӕрттӕй тӕрут, сӕ сабиты сын мыггагмӕ ӕнӕхай кӕнут Мӕнӕй. 10Сыстут ӕмӕ цӕугӕут, уымӕн ӕмӕ ацы бӕстӕйы ӕнцойдзинад нал уыдзӕн. Йе ’нӕхуыцау миты тыххӕй йӕ ӕгъатырӕй ныххӕлӕттаг кӕндзысты.
11Цыфӕнды фӕлитой дӕр исты куы ӕрымысид ӕмӕ куы зӕгъид, сӕн ӕмӕ махсымӕйӕн уӕм ныккӕнӕн дӕр нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ацы адӕмӕн хорз пехуымпар суаид. 12Йаков! Дӕ байзӕддӕгтӕм дын ӕнӕмӕнг фӕсиддзынӕн, Израилӕй ма чи фервӕза, уыдоны, фысты сӕ бынаты, фысвосы рӕгъау сӕ хизӕнуаты куыд сӕмбырд кӕнынц, афтӕ ӕнӕмӕнг ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, ӕмӕ уыцы бынат байдзаг уыдзӕнис адӕмӕй. 13Цӕлхдуртӕ пырхгӕнӕг ацӕудзӕни сӕ разӕй, ӕмӕ, сӕ фӕндагыл цы бырутӕ уа, уыдон ныппырх кӕндзысты, кулдуары уылты ахиздзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр рацӕудзысты. Сӕ паддзах сӕ разӕй цӕудзӕн, сӕ сӕргъы та уыдзӕни Дунедарӕг.

Currently Selected:

Михей 2: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in