1
Ромӕгтӕм 6:23
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Уымӕн ӕмӕ тӕригъӕдӕн йӕ фиддон у мӕлӕт, Хуыцауы лӕвар та — мыггагмӕйы цард нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы.
Porovnat
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:23
2
Ромӕгтӕм 6:14
Тӕригъӕд уын ӕлдар ма уӕд, уымӕн ӕмӕ сымах Ӕгъдауы дӕлбар не стут, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхы дӕлбар.
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:14
3
Ромӕгтӕм 6:4
Уӕдӕ аргъауыны рӕстӕг мах амардыстӕм ӕмӕ ныгӕд ӕрцыдыстӕм Йемӕ, цӕмӕй, Чырысти Йӕ Фыды намысджын хъаруйӕ мӕрдтӕй куыд райгас, афтӕ мах дӕр райгас уӕм ӕмӕ цӕрӕм ног цардӕй.
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:4
4
Ромӕгтӕм 6:13
Уӕ буары хӕйттӕй макӕцы бауадзут ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыны хотых суӕвын ӕмӕ тӕригъӕдӕн лӕггад кӕнын, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас стут, уымӕ гӕсгӕ уӕхи бакӕнут Хуыцауы ӕвджид ӕмӕ Йын рӕстады хотыхӕн раттут уе уӕнгтӕ.
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:13
5
Ромӕгтӕм 6:6
Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаг Йемӕ дзуарылтыгъд ӕрцыди, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕдӕн йӕ тых басӕтта ӕмӕ тӕригъӕды цагъайрадӕй фервӕзӕм.
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:6
6
Ромӕгтӕм 6:11
Афтӕ сымах дӕр тӕригъӕдӕн уӕхи нымайут мардыл, Хуыцауӕн та удӕгасыл, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стут, уый фӕрцы.
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:11
7
Ромӕгтӕм 6:1-2
Уӕдӕ цы зӕгъӕм? Цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл бафта, уый тыххӕй тӕригъӕдджынтӕй хъуамӕ баззайӕм? Ницы хуызы! Мах амардыстӕм тӕригъӕдӕн, уӕд ма тӕригъӕдимӕ куыд хъуамӕ цӕрӕм?
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:1-2
8
Ромӕгтӕм 6:16
Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн куы уат цагъартӕ, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауы коммӕ куы кӕсат, уӕд та уын ӕнӕ сраст уӕвгӕ нӕй.
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:16
9
Ромӕгтӕм 6:17-18
Кӕддӕр сымах тӕригъӕды цагъартӕ уыдыстут, фӕлӕ, Хуыцауӕй бузныг, ныр уӕ зӕрдӕ радтат, цы ахуырад уын лӕвӕрд ӕрцыд, уымӕн. Сымах суӕгъд стут тӕригъӕдӕй ӕмӕ систут рӕстады цагъартӕ.
Zkoumat Ромӕгтӕм 6:17-18
Domů
Bible
Plány
Videa