1
Иоанн 19:30
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.
አወዳድር
{{ጥቅስ}} ያስሱ
2
Иоанн 19:28
Уый фӕстӕ Йесо, ныридӕгӕн алцыдӕр кӕй сӕххӕст, уый зонгӕйӕ, цӕмӕй Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уа, уый тыххӕй сдзырдта: «Дойны Мын у».
3
Иоанн 19:26-27
Йесо Йӕ мады, стӕй Йӕ уарзон ахуыргӕнинаджы дӕр уым лӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ мадӕн загъта: «Уӕ сылгоймаг, мӕнӕ уый — дӕ лӕппу». Стӕй Йӕ ахуыргӕнинагӕн загъта: «Мӕнӕ уый — дӕ мад!» Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ мад царди ахуыргӕнинаджы хӕдзары.
4
Иоанн 19:33-34
Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ Йӕ мардӕй куы федтой, уӕд Ын Йӕ зӕнгтӕ нал асастой. Фӕлӕ Йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй Йӕ фарс барӕхуыста, ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалди.
5
Иоанн 19:36-37
Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа Сыгъдӕг Фыст: «Йӕ иу стӕг дӕр нӕ асӕтдзӕн». Сыгъдӕг Фысты ма загъд ис: «Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты».
6
Иоанн 19:17
Йесо Йӕ дзуаримӕ ацыд, Сӕргӕхц цы бынат хуыдтой, дзуттагау та — Голгофӕ, уырдӕм.
7
Иоанн 19:2
Ӕфсӕддонтӕ сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ йӕ Йесойы сӕрыл ӕрсагътой, сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой.
ቤት
መጽሐፍ ቅዱስ
እቅዶች
ቪዲዮዎች