Рацыд 17
17
1Израилы дзыллӕ Сины ӕдзӕрӕг быдырӕй куы рацыдысты, уӕд Дунедарӕджы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ рӕсӕнуат кодтой куы иу, куы иннӕ ран, афтӕмӕй бахӕццӕ сты Рефидиммӕ. Адӕмӕн дзы дон бануазынӕн нӕ уыд, 2ӕмӕ уайдзӕфты бын фӕкодтой Моисейы, домдтой дзы: «Ӕри нын дон! Дойны нын у». Моисей сын афтӕ: «Цы мын уайдзӕфтӕ кӕнут? Цӕмӕн фӕлварут Дунедарӕджы?» 3Фӕлӕ адӕм дойныйӕ стыхстысты ӕмӕ хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? Нӕхи дӕр, нӕ сабиты дӕр ӕмӕ нын нӕ фос дӕр дойныйӕ амарынмӕ?»
4Моисей сдзынӕзта Дунедарӕгмӕ: «Цы гӕнгӕ мын у ацы адӕмӕн? Чысыл ма хъӕуы, ӕмӕ мӕ дурты бын фӕкӕной!» 5Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгты хистӕртӕй иу къорды демӕ ракӕн ӕмӕ адӕмы разӕй ацу. Дӕ къухмӕ райс, Нилы дон-иу кӕмӕй ӕрцавтай, дӕ уыцы лӕдзӕг дӕр. 6Уым, къӕдзӕхыл, Хоревы хохыл, Ӕз ӕрлӕудзынӕн дӕ разы. Ды-иу дӕ лӕдзӕгӕй къӕдзӕх ныццӕв, ӕмӕ дзы дон ракӕлдзӕн. Уадз ӕмӕ адӕм нуазой».
Моисей израилӕгты хистӕрты раз, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодта. 7Уыцы бынат та схуындӕуыди Масса ӕмӕ Мерива, уымӕн ӕмӕ уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн уайдзӕфтӕ кодтой ӕмӕ Йӕ фӕлвӕрдтой, Дунедарӕг немӕ ис ӕви нӕ, зӕгъгӕ, кӕй дзырдтой, уымӕй.
8Амалекӕгтӕ ӕрбабырстой Рефидиммӕ ӕмӕ схӕцыдысты израилӕгтимӕ. 9Моисей Йешуайӕн загъта: «Равзар, амалекӕгты ныхмӕ кӕимӕ ралӕууай, ахӕм лӕгтӕ. Ӕз та райсом, Хуыцауы лӕдзӕг мӕ къухы, афтӕмӕй къуыбырыл ӕрлӕудзынӕн». 10Йешуа, Моисей йын куыд загъта, афтӕ бакодта ӕмӕ амалекӕгтимӕ схӕцыд, Моисей та Аарон ӕмӕ Хуримӕ къуыбырыл ӕрлӕууыд. 11Моисей-иу йӕ къухтӕ хӕрдмӕ куы сдардта, уӕд-иу уӕлахиз кӕнын райдыдта Израил, дӕлӕмӕ-иу сӕ куы ӕруагъта, уӕд та — Амалек. 12Фӕлӕ Моисейы къухтӕ куы ӕруӕззау сты, уӕд ын дур ӕрбахастой. Моисей дурыл ӕрбадт, Аарон ӕмӕ йын Хур та дыууӕрдыгӕй хӕрдмӕ хӕцыдысты йӕ къухтыл. Хурныгуылдмӕ йын сӕ дӕлӕмӕ не ’руагътой, 13ӕмӕ Йешуа фӕуӕлахиз Амалекыл, йӕ адӕмы йын кардӕй фӕцагъта.
14Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Уыдӕттӕ зӕрдылдарынӕн ныффысс чиныджы, Йешуайӕн та зӕгъ, Ӕз амалекӕгтӕн арвы бын сӕ кой кӕй фесафдзынӕн, уый».
15Моисей сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йӕ схуыдта Йахве-Нисси#17:15 Ома «Дунедарӕг — мӕ тырыса».. 16Загъта: «Мӕ къух сдардтон Дунедарӕджы бадӕнмӕ. Дунедарӕджы хӕст Амалекимӕ — мыггагмӕ».
Àwon tá yàn lọ́wọ́lọ́wọ́ báyìí:
Рацыд 17: ОссБ
Ìsàmì-sí
Pín
Daako

Ṣé o fẹ́ fi àwọn ohun pàtàkì pamọ́ sórí gbogbo àwọn ẹ̀rọ rẹ? Wọlé pẹ̀lú àkántì tuntun tàbí wọlé pẹ̀lú àkántì tí tẹ́lẹ̀
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.