1
Марк 2:17
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
ИрББЛ2022
Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».
Karşılaştır
Марк 2:17 keşfedin
2
Марк 2:5
Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ загъта ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн: «Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ».
Марк 2:5 keşfedin
3
Марк 2:27
Йесо ма сын загъта: «Адӕймаджы сабатӕн не сфӕлдыстӕуыд, фӕлӕ сабат — адӕймагӕн.
Марк 2:27 keşfedin
4
Марк 2:4
Адӕмӕй Йӕм бацӕуӕн кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ хӕдзары сӕр байгом кодтой, цар ныххуынкъ кодтой ӕмӕ йӕ уырдыгӕй йӕ хуыссӕныл ӕруагътой.
Марк 2:4 keşfedin
5
Марк 2:10-11
Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ис зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕныны бар». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Дӕумӕ дзурын: сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ цу дӕ хӕдзармӕ».
Марк 2:10-11 keşfedin
6
Марк 2:9
Ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Сыст, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын“?
Марк 2:9 keşfedin
7
Марк 2:12
Уый фестади, йӕ хуыссӕн систа ӕмӕ ӕппӕт адӕмы раз рацыди. Иууылдӕр дисы бафтыдысты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм диссаг никуыма федтам».
Марк 2:12 keşfedin
Ana Sayfa
Kutsal Kitap
Okuma Planları
Videolar