Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 9

9
1Хуыцау раарфӕ кодта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн. Загъта сын: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд. 2Тӕрсӕнт уӕ ӕппӕт сырдтӕ, фос, уӕларвон мӕргътӕ, хилӕгойтӕ ӕмӕ денджызы кӕсӕгтӕ. Уӕ бӕрны уын сӕ кӕнын. 3Цӕрӕгойы мыггагӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон уын дӕттын хӕрынӕн, айразмӕ уын алы зайӕгхал куыд радтон, афтӕ. 4Фыдызгъӕл хӕрыны бар уын ис, фӕлӕ туджы хъӕстӕ ма фӕут, уымӕн ӕмӕ туджы ис цард. 5Ӕмӕ уӕхи туг, — уӕ цард кӕй мидӕг ис, — уый дӕр хъуамӕ макуы ныккӕла. Иунӕг адӕймаджы туг дӕр Мын ӕнӕистӕй нӕ баззайдзӕни — сырдӕй уа, адӕймагӕй уа. 6Адӕймаджы туг чи ныккала, уый туг ныккӕлдзӕн адӕймаджы къухӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау Йӕхи ӕнгӕс сфӕлдыста.
7Цот уадзут уӕдӕ, ӕмӕ сбирӕ ут, зӕххӕн уӕз куыд кӕнат, афтӕ».
8Хуыцау загъта Ной ӕмӕ йӕ фырттӕн: 9«Абон Ӕз фидыд аразын уемӕ ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтимӕ, 10стӕй ма цӕрӕг удӕй уемӕ цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ: мӕргътимӕ, фосимӕ ӕмӕ сырдтимӕ — науӕй рацӕуӕг ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтимӕ. 11Уемӕ аразын фидыд: никуыуал бабын кӕндзынӕн ӕппӕт цӕрӕг удты, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл».
12Хуыцау ма загъта: «Мӕнӕ, сымахимӕ ӕмӕ ма уемӕ цӕрӕг удӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонимӕ мыггагмӕ цы фидыд аразын, уый нысан: 13ӕврӕгътыл ӕвӕрын Ме ’рдын — арвӕрдын. Уый уыдзӕни Мӕн ӕмӕ зӕххы ’хсӕн фидыды нысан. 14Зӕххы сӕрмӕ-иу ӕврӕгътӕ куы рауадзон ӕмӕ-иу ӕврӕгътыл арвӕрдын куы фӕзына, 15уӕд-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, уемӕ ӕмӕ алы цӕрӕгоимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый, ӕмӕ нал уыдзӕни доныхъаймӕт — ӕппӕт цӕрӕг удты сафӕг. 16Ӕврӕгътыл-иу арвӕрдын куы фӕзына, уӕд-иу ӕй Ӕз фендзынӕн ӕмӕ-иу Мӕ зӕрдыл ӕрлӕудзӕни, зӕххыл цӕрӕг удӕй цы ис, Хуыцау уыдонимӕ мыггагмӕйы фидыд кӕй сарӕзта, уый». 17Хуыцау загъта Нойӕн: «Гъе уый — ӕппӕт зӕххон цӕрӕг удтимӕ цы фидыд аразын, уый нысан».
18Нойы фырттӕ, науӕй чи рацыди, уыдон: Сим, Хам ӕмӕ Йафет. Хам уыди Ханааны фыд. 19Ацы ӕртӕ уыдысты Нойы фырттӕ — зӕххон адӕм иууылдӕр уыдонӕй равзӕрдысты.
20Ной ныллӕууыди зӕххы куыстыл. Фыццаг сӕндон уый сарӕзта. 21Иуахӕмы бануӕзта сӕн, барасыг ис ӕмӕ бӕгънӕгӕй хуыссыди йӕ цатыры. 22Афтӕмӕй йӕ федта Хам, Ханааны фыд, ӕмӕ йӕ радзырдта йӕ дыууӕ ӕфсымӕрӕн. 23Уӕд Сим ӕмӕ Йафет райстой пӕлӕз, сӕ уӕхсчытыл ӕй ӕрбакодтой, чъылдымыздӕхтӕй бацыдысты сӕ фыдмӕ ӕмӕ йӕ ӕрӕмбӕрзтой. Се ’ргом иннӕрдӕм здӕхт уыд, ӕмӕ сӕ фыды бӕгънӕгӕй нӕ федтой.
24Ной куы ӕрӕрвонг ис, уӕд базыдта, йӕ кӕстӕр фырт ын цы бакуыста, уый, 25ӕмӕ загъта:
«Ӕлгъыстаг фӕуӕд Ханаан!
Йе ’фсымӕрты цагъартӕн — сӕ дӕлдӕр!»
26Загъта ма:
«Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, Симы Хуыцау!
Ханаан йӕ цагъар суӕд Симӕн!
27Йафетӕн парахат зӕхх бауарзӕд Хуыцауы цӕст,
ӕмӕ Симы цатырты ӕрцӕрӕд!
Йафетӕн дӕр суӕд йӕ цагъар Ханаан!»
28Доны хъаймӕты фӕстӕ ма Ной фӕцардис ӕртӕсӕдӕ фӕндзай азы. 29Ӕмткӕй райсгӕйӕ та Ной фӕцарди фарастсӕдӕ фӕндзай азы, стӕй амард.

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti