Logotip YouVersion
Search Icon

Райдиан 8

8
1Фӕлӕ Хуыцау нӕ ферох кодта Нойы, стӕй, йемӕ науы чи уыд, ӕппӕт уыцы сырдтӕ ӕмӕ фосы — зӕххыл рауагъта дымгӕ, ӕмӕ дон сысын байдыдта. 2Ӕхгӕд ӕрцыдысты дӕлзӕхх доны ӕппӕт гуырӕнтӕ ӕмӕ арвы дуӕрттӕ, тыгъдызӕй банцади. 3Дон чысылгай зӕххы цыди. Хъаймӕты райдианӕй дӕс ӕмӕ авдыссӕдз боны куы аивгъуыдта, уӕд дон дзӕвгар фӕкъаддӕр ис, 4ӕмӕ ӕвдӕм мӕйы ӕвддӕсӕм бон нау ӕрӕнцад Арараты хӕхтыл. 5Дон къаддӕргӕнгӕ цыди дӕсӕм мӕйы онг, дӕсӕм мӕйы фыццаг бон разындысты хӕхты цъуппытӕ.
6Дыууиссӕдз боны фӕстӕ Ной байгом кодта, науӕн цы рудзынггонд сарӕзта, уый, 7ӕмӕ рауагъта сынты. Уый ӕддӕмӕ-мидӕмӕ кодта, цалынмӕ зӕхх ӕрсур ис, уӕдмӕ.
8Ной рауагъта бӕлоны, дон зӕххы ахъардта ӕви нӕ, уый базонынмӕ, 9фӕлӕ бӕлон фӕстӕмӕ ӕрбатахти, уымӕн ӕмӕ не ссардта, кӕм ӕрбада, уый. Зӕххы уӕлцъар нырма иууылдӕр доны бын уыди. Ной йӕ къух радардта ӕмӕ бӕлоны ӕрбайста йӕхимӕ, наумӕ. 10Банхъӕлмӕ каст авд боны ӕмӕ та бӕлоны рауагъта. 11Бӕлон ӕм изӕры фӕстӕмӕ ӕрбатахт, йӕ дзыхы оливӕ бӕласы цъӕх сыфтӕр, афтӕмӕй; ӕмӕ Ной базыдта, дон зӕххы кӕй ахъардта, уый. 12Ноджыдӕр ма банхъӕлмӕ каст авд боны ӕмӕ та бӕлоны рауагъта, ӕмӕ йӕм ацы хатт бӕлон нал ӕрбаздӕхти фӕстӕмӕ.
13Нойыл ӕхсӕзсӕдӕ иу аз куы сӕххӕст ис, уый хӕдфӕстӕ хъаймӕты дон зӕххӕй ацыди. Ной науы сӕр систа ӕмӕ федта: зӕххыл хъаймӕты донӕй ницыуал баззади. 14Дыккаг мӕйы авд ӕмӕ ссӕдзӕм бонмӕ зӕхх бахус ис.
15Хуыцау Нойӕн загъта: 16«Науӕй рахиз дӕ ус, дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чындзытимӕ. 17Демӕ ракӕн ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойты дӕр, стырӕй, чысылӕй, стӕй мӕргъты. Уадз ӕмӕ зӕххӕн уӕз кӕной — цот уадзой ӕмӕ сбирӕ уой».
18Ӕмӕ Ной рахызти йӕ фырттимӕ, йӕ ус ӕмӕ йӕ чындзытимӕ. 19Стӕй науӕй мыггаггай рацыдысты ӕппӕт сырдтӕ, фос, мӕргътӕ ӕмӕ алы хилӕгойтӕ.
20Ной Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн. Уый фӕстӕ райста алы сыгъдӕг фосӕй ӕмӕ алы сыгъдӕг мӕргътӕй ӕмӕ йыл ӕрхаста иууылсудзинаг нывӕндтӕ. 21Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.
22Цалынмӕ зӕхх уа, уӕдмӕ
таудзысты ӕмӕ кӕрддзысты,
скӕндзӕн-иу хъызт ӕмӕ ӕнтӕф рӕстӕджытӕ,
уыдзӕни сӕрд ӕмӕ зымӕг,
бон ӕмӕ ӕхсӕв».

Označeno

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

YouVersion za prilagajanje tvoje izkušnje uporablja piškotke. Z uporabo našega spletnega mesta se strinjaš z našo uporabo piškotkov, kot je opisano v naši Politiki zasebnosti